Уый фæдыл ныхас цыд, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы æмæ компани «С-ПЛЮС»-ы генералон директор Дмитрий Мартыновимæ кусæг фембæлды
Цæгат Ирыстон бафыста æмгуыстады бадзырд «Росэнергоатом»-ы дæлбар компаниимæ. Уый фæдыл ныхас цыд, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы æмæ компани «С-ПЛЮС»-ы генералон директор Дмитрий Мартыновимæ кусæг фембæлды. Фидæны нысан кæнынц иумæйаг инфраструктурон проекттæ царды уадзын. Баст уыдзысты республикæйы социалон-экономикон рæзтимæ. Уыимæ рæздзæн электрон тыхдæттæг комплексы ахадындзинад дæр. Ам ныхас цæуы, ныридæгæн чи ис, уыцы объектты оптимизацийыл. Нысан ма кæнынц электрон тыхдæттæг хызты системæйы хæрдзтæ фæкъаддæр кæнын æмæ хауæццæгтимæ комплексон системæ сфидар кæнын. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы пресс-службæ.