филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:16 пятница, 03 мая 2024
17 мая 2022, 10:45
Цæгат Ирыстоны 500 адæймагæй фылдæр акафыдысты «Уæлахизы Симд»

Егъау проект баст уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 77 азы бонимæ

Цæгат Ирыстоны 500 адæймагæй фылдæр акафыдысты «Уæлахизы Симд». Егъау проект баст уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 77 азы бонимæ. Нæ рагфыдæлты рæсугъддæр æмæ аивдæр кафт акæнынмæ республикæйы алы районты минæвæрттæ æрæмбырд сты Балтайы хъæугæрон. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

500 адæймагæй фылдæр баиу сты Уæлахизы Симды. Балтайы быдыры фæзы, æрдзы хъæбысы кафæн акцийы архайдта 20 къорды республикæйы алы районтæй. Судзгæ хуры бын репитицитæ дæсны артистты не стыхсын кодтой. Мадзал саразын фæнд кодтой 9-æм майы, фæлæ къæвдатæ кæй уыд, уымæ гæсгæ ацы фæнд сæххæст кæнын нæ бантыст.

Репитицийы фæстæ артисттæ скодтой национ уæлæдарæс. Саив æй кодтой Георгийы лентытæй. Фыццаг, акци цæттæ кодтой кафты æппæтдунеон бонмæ, фæлæ йæм уый фæстæ сфæнд кодтой патриотон нысаниуæг бахæссын. Фæсивæдæн уыцы хъуыды сæ зæрдæмæ фæцыд.

Дудайты Владислав, акцийы архайæг: «Мæнмæ гæсгæ, адæмæн у ныртæккæ зын рæстæг, адæм æнкъард кæнынц, тыхсынц. Ам кæй æрæмбырд стæм, Иры ансамбльтæ, уый у хорз хъуыддаг. Адæмы гыццыл бахъæлдзæг кæнæм, нæхи дæр. Мæнмæ гæсгæ, уый у раст. Нæ рох кæнæм нæ лæппуты, Украинæйы чи сты, уыдоны. Æмæ сын афтæмæй, ардыгæй уырдæм æххуыс кæнæм».

Габолаты Артур, акцийы архайæг: «Ацы бынаты дæн фыццаг хатт. Мæ зæрдæмæ тынг цæуы. Хорз у, уыйбæрц къордтæ кæй æрæмбырд. Иннæтимæ дæр кæй базонгæ стæм. Уый тынг хорз у».

Æрыдоны сфæлдыстады хæдзары ансамбль «Алантæ» æрæджы сбæрæг кодта йæ 25 азы юбилей. Уæлахизы Симды архайын артисттæ сæ хæсыл банымадтой.

Ансамбль «Артар»-ы разамонæг Дзукъаты Аленæ фæсивæдæн дæтты фæстаг амындтытæ. Уыйбæрц архайджытæн кафты ныв ма фехалын зын у, фæлæ уыцы хъуыддаг æнæмæнг сæхæхст кæнын хъæуы.

Проекты автор Цориты Мæдинæмæ ма ис иу фæнд – 2 мин адæймагимæ Симд саразын, æмæ афтæмæй бахауын Гиннесы рекордты чиныгмæ. Артисттæм цы тырнындзинад ис, уымæ гæсгæ ацы хъуыддаг кæй сæххæст уыдзæн, уый дызæрдыггаг нæу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania