23 мая 2024, 11:52
Цæгат Ирыстоны абон райдыдта иумæйаг паддзахадон фæлварæны сæйраг æмгъуыд
Ацы аз фæлварæн дæтдзысты 3793 адæймаджы
Куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр абон райдыдта иумæйаг паддзахадон фæлварæны сæйраг æмгъуыд. Ацы аз фæлварæн дæтдзысты 3793 адæймаджы. Уыдонæй 269 сты ивгъуыд азы рауагъдонтæ. Абон иуæндæсæмкъласонтæ дæтдзысты фæлварæнтæ химийæ, литературæйæ æмæ географийæ. Уырыссаг æвзагæй фæлварæн ацæудзæн 28-æм майы, математикæйæ та 31-æм майы. Ацы аз паддзахадон иртæстытæ цæудзысты 17 пункты. Архайдзæн дзы информацион регионалон центры иу мин кусæджы. Уыдон раздæр ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ, иумæйаг паддзахадон фæлварæны фæткмæ гæсгæ.