филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:32 пятница, 03 мая 2024
19 марта 2024, 12:03
Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг Дауыраты Дамир сбæрæг кодта йе 85 азы юбилей

Уый фæдыл кадджын мадзал арæзт æрцыд Рахизфарсы районы культурæйы Галуаны

Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг Дауыраты Дамир сбæрæг кодта йе 85 азы юбилей. Уый фæдыл кадджын мадзал арæзт æрцыд Рахизфарсы районы культурæйы Галуаны. Юбилярæн зæрдиаг арфæтæ ракæнынмæ æрбацыдысты йе мкусджытæ, æмбæлттæ æмæ йе сфæлдыстадæн аргъгæнджытæ. Дамиры литературон архайд райдыдта, скъоладзау ма куы уыди, уæд. Уыцы курдиат азты цыдимæ кодта фылдæр æмæ фидардæр. Ныртæккæ у 15 чиныджы автор. Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Дауыраты Дамиры тыххæй бæстондæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Рагæй чи сси æцæг адæмон, ахæм фыссæг у Дауыраты Дамир. Беслæны культурæйы галуаны уыд йе 85 азы юбилейы кадæн мадзал. Раарфæ кæнынмæ йын æрбацыдысты йе *мкусджытæ, хæлæрттæ, йе сфæлдыстад ын чи уарзы, уыдон. Стæй дзы дæнцæг чи исы, ахæм бæрнон адæм. Дамир 12 азы фæкуыста Рахизфарсы районы газет «Знамя коммунизма»-йы редакторæй. Уыд Уæлдæр Советы депутат. 1995-æм азы та сси Беслæны фыццаг æвзæрст мэр.

Дауыраты Дамиры литературон курдиат раргом йæ сабибонты рæстæг. Скъоладзау уæвгæйæ, фыссын райдыдта æмдзæвгæтæ. Фæстæдæр та прозæ. Ныртæккæ у 15 чиныджы автор публицистикæйы æмæ прозæйы жанрты. Фæстаг чингуытæй иу «Святые имена» дзурæг у зындгонд ирон адæмыл. Бæлвырддæр та – Ирыстоны историмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыдоныл. Уæвгæ, Дамир у Уæрæсейы фысджыты Цæдисы уæнг, нæ бæстæйы культурæйы сгуыхт кусæг. Фæлæ, йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын Адæмон фыссæджы ном йæ зæрдæйæн уæлдай адджындæр у.

Дауыраты Дамиры Ирыстоны зонынц куыд кадджын хистæр, курдиатджын журналист, фыссæг æмæ активон æхсæнадон архайæг. Нырыккон Ирыстоны у зындгонддæр фысджытæй иу. Иттæг хорз ын уайы хъуыстгонд адæмы тыххæй дзурын æмæ фыссын. Йæ хъайтартæ кæддæриддæр æфтауынц дисы. Уыимæ йæ уацмыстæ тæрхæджытыл бирæ нæ фæлæууынц. Адæм сæ кæсынц. Уымæн æмæ нæ ахуыр кæнынц царды ахсджиагдæр хъуыддæгтыл.

Æцæг фыссæг, адæймаг, литературæ æмæ культурæйы архайæг хъуамæ уæндонæй кæса фидæнмæ. Уымæн æмæ йæ уацмыстæ канд æмдугонтæн фыст не сты, фæлæ фидæны фæлтæртæн дæр. Ууыл хъуыды кæнгæйæ, фидарæй зæгъæн ис, æмæ Дамир йе сфæлдыстадон хæс кæй сæххæст кодта уæлдайджынтæй. Уымæн æмæ у, йæ разы аккаг кæстæр уæвын кæмæн фæнды, ахæм хистæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania