филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:31 воскресенье, 05 мая 2024
17 января 2024, 11:13
Цæгат Ирыстоны бындуронæй сцалцæг кодтой дыууын дыууæ скъолайы

Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ

Цæгат Ирыстоны бындуронæй сцалцæг кодтой дыууын дыууæ скъолайы. Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Пресс-конференцийы ма архайдтой Цæгат Ирыстоны паддазхадон университеты ректор Огъуаты Алан, Уæрæсейы наукæты академийы дзæуджыхъæуккаг наукон центры директор Цыбырты Алексей, скъоладзаутæ æмæ студенттæ. Ныхас цыд фидæны нысантыл. Ацы аз бындурон цалцæг скæндзысты ноджыдæр дыууын æхсæз скъолайы. Уымæй дарддæр Дзæуджыхъæуы арæзт æрцæудзысты 4 ног скъолайы. Алкæцыйы дæр уыдзæн фæйнæ 2200 бынаты. Конференцийы архайджытæ ма æрдзырдтой уæлæмхасæн ахуырады рæзтыл дæр. 2024-æм азы 13 скъолайы байгом кæндзысты центртæ “Точка роста”. Дыууæ скъолайы та ма “Кванториумтæ”. Ныхас ма цыд ахуыргæнджытæн материалон æххуыс кæныныл. Алыбекты Эллæ куыд загъта, афтæмæй уæлдай æргом аздахдзысты æрыгон педагогтæм. Скъоладзаутæн æмæ студенттæн фадат уыд сæ фæрстытæ раттынæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania