филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:54 вторник, 21 мая 2024
31 мая 2022, 11:19
Цæгат Ирыстоны дарддæр æххæстгонд цæуы профессионалон дæсныйады конкурс

Сæ иу у Мæздæджы районæй – аграрон промышленнон техникумы ахуырады мастер Дулаты Татьянæ

Цæгат Ирыстоны дарддæр æххæстгонд цæуы профессионалон дæсныйады конкурс. Астæуккаг сæрмагонд ахуыргæнæндæтты педагогтæ архайынц кадджын ном «Мастер года» райсыныл. Сæ иу у Мæздæджы районæй – аграрон промышленнон техникумы ахуырады мастер Дулаты Татьянæ. Студенттæн амоны арæзтадон хъуыддаджы зонындзинæдтæ. Цалдæр азы размæ техникумы фæзындысты, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттимæ кусыны ног методикæтæ. Дулаты Татьянæйы урокты ахæм сывæллæттæн амонынц арæзтадон технологитæ. Дæсныйадæвдисæг ахуырты рæстæг педагог бацæттæ кодта кæстæрты. Уыдон конкурсы равдыстой, цæуыл сахуыр сты, ахæм штукатуркæйы цалдæр хуызы. Сæрмагонд куысты программæйы фæрцы сывæллæттæн æнцондæр у фидæны дæсныйады сусæгдзинæдтæ базонын. Цалдæр боны фæстæ сбæрæг уыдзæн, афæдзы хуыздæр мастеры номы аккаг чи суыдзæн, уыцы педагогы ном. Уый Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæндзæн конкурсы æппæтуæрæсеон къæпхæны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania