филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:37 вторник, 03 ноября 2026
02 декабря 2019, 12:43
Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт арæзт æрцыди æппæтадæмон математикон флэшмоб Mathcat

Уыцы иу рæстæг республикæйы куыста 19 фæзы, 4 дзы Дзæуджыхъæуы

Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт арæзт æрцыди æппæтадæмон математикон флэшмоб Mathcat. Уыцы иу рæстæг республикæйы куыста 19 фæзы, 4 дзы Дзæуджыхъæуы. Акцийы архайдтой алы кары минæвæрттæ, æдæппæтæй 100 адæймаджы. Ахуыргæндтæ сын алы къæпхæнтæм гæсгæ  бацæттæ кодтой  математикон хæслæвæрдтæ. Фыццаг æнцонтæй скæндзысты райдиан кълæсты ахуырдзаутæ дæр. Дыккаг хæслæвæрд уыди сывæллæтты математикон олимпиадæты архайджытæн, æртыккаг — къæпхæн хистæр кълæсты ахуырдзаутæн. Цыппæрæм, æппææй зындæр та — математикон уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуырдзаутæн. Флэшмобтæ ма арæзт æрцыдысты Уæрæсейы иннæ регионты æмæ суанг  фæсарæнты дæр. Сæ аразджыты ныхæстæм гæсгæ, фыццаг хæс у рæзгæ фæлтæры æмæ хистæрты бæлвырд наукæтæм разæнгард кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania