29 августа 2023, 11:23
Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ дыккаг этнофестиваль «Рон»
Архайдтой дзы зындгонд æрмдæснытæ, стæй этникон уæлæдарæсы дизайнертæ Уæрæсейы алы регионтæй
Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ дыккаг этнофестиваль «Рон». Архайдтой дзы зындгонд æрмдæснытæ, стæй этникон уæлæдарæсы дизайнертæ Уæрæсейы алы регионтæй. Æрмдæснытæ бацæттæ кодтой сæхи къухтæй конд цымыдисаг дзаумæттæ. Уыимæ конд сты алыхуызон æрмæгæй: сæракæй, хъæдæй, керамикæйæ, нымæтæй, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, æвзистæй дæр. Равдыст-армукъайы ма парахатæй фенæн уыд авторон куклатæ æмæ хъаматæ дæр. Этнофестивалы программæйы ма уыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, сывæллæтты интерактив ирон æвзагыл, стæй этникон костюмты равдыст.