Бирæтæ дзы систы наукæты доктортæ æмæ профессортæ, абон дæр сты медицинон къабазы раззагъддæр кусджытæ
Цæгат Ирыстоны медицинон академийы рауагъдонтæ æнусы æмбисы фæстæ ногæй фембæлдысты. Бирæтæ дзы систы наукæты доктортæ æмæ профессортæ, абон дæр сты медицинон къабазы раззагъддæр кусджытæ. 50 азмæ ацы фæлтæрджын дохтыртæ иу æмæ дыууæ адæймаджы не сдзæбæх кодтаиккой. Фембæлды рæстæг сын уыд бирæ мысинæгтæ ме студентон бонтæй. Уæдæ ацы бон дæр сæ зæрдыл бадардзысты.
Медицинон институты рауагъдонтæм фæсидт Республикæйы сгуыхт дохтыр Теблойты Михаил. Йæ разныхасы фæстæ фембæлдмæ æрбацæуджытæн радтой кады гæххæттытæ æмæ лæвæрдтæ.
Фембæлдмæ æрбахуыдтой Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт дохтыр, Цæгат Ирыстоны наукæты сгуыхт архайæг æмæ Медицинон академийы кафедрæйы сæргълæууæг Бутаты Таймураз