филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:16 суббота, 04 мая 2024
03 апреля 2024, 12:20
Цæгат Ирыстоны муниципалитеттæн бахастой фæндон, цæмæй хъармгæнæн сезон фæуа 10-æм апрелы

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн

Цæгат Ирыстоны муниципалитеттæн бахастой фæндон, цæмæй хъармгæнæн сезон фæуа 10-æм апрелы. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Регионы Сæргълæууæг  Сергей Меняйло та районты разамонджыты ргом аздæхта, ацы фарста хъуамæ сæхи гæнæнтæм гæсгæ лыггонд кæй æрцæуа, уымæ. Хъуамæ хынцой боныхъæды уавæртæ дæр. Сергей Меняйло ма ресурстæй ифтонггæнæн организацитæн бабар кодта бæстон анализ скæнын хъармгæнæн сезоны уавæртæн. Бæстон хъуамæ æркæсой аваритæм æмæ аипдзинæдтæм, цæмæй фидæны хъармгæнæн сезонмæ, куыд æмбæлы, афтæ бацæттæ кæной. Уыимæ скъолаты æмæ дзæбæхгæнæндæтты бæрны чи уыд, уыцы хъармгæнæнтæ, хъармдæттæг трассæтæ, газуадзæн хæтæлтæ хъуамæ райсой сæхи балансмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania