Сывæллæттæ сæ зонындзинæдтæ бæлвырд кæнынц 24 предметмæ гæсгæ
Цæгат Ирыстоны райдыдта скъоладзауты æппæтуæрæсеон олимпиадæйы фыццаг къæпхæн. Сывæллæттæ сæ зонындзинæдтæ бæлвырд кæнынц 24 предметмæ гæсгæ. Олимпиадæ арæзт цæуы 4-æй 11-æм къласы онг скъоладзауты *хсæн. Хъæуы сæ равдисын æрмæст сæ зонындзинæдтæ нæ, фæлæ ма сæ практикæйыл куыд пайда кæнынц, уый дæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Критикон уавæры ахсджиагдæр цы у: тагъд архайд æви арф зонындзинæдтæ? Ацы фарстæн дзуапп лæмбынæг агуырдта 11-æм скъолайы ахуырдзау Алыккаты Фаризæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæныны æмæ æдасдзинады бындуртæй олимпиадæйы скъолайы къæпхæны архайгæйæ. Йæ тыхтыл скъоладзау нæ дызæрдыг кæны. Куыд зæгъы, афтæмæй йæхи хорз бацæттæ кодта.
Фаризæ олимпиадæты арæх фæархайы. Алы хатт дæр æм вæййы, фæуæлахиз уæвыны ныфс.
Рæзгæ фæлтæр арæх равзарынц, дарддæр сæ ахуыры цы предметтæ бахъæудзысты, уыдон. Афтæмæй исынц ног зонындзинæдтæ. Гагкоты Азæмæты фæнды дохтыр суæвын, уымæ гæсгæ йæ тыхтæ æвзары биологийæ.
Скъоладзауты æппæтуæрæсеон олимпиадæ арæзт у 4 къæпхæнæй. Алы ног этап дæр у раздæрыуонæй зындæр. Хатдзæгтæгæнæн у æппæтуæрæсеон къæпхæн. Ам уæлахиз æмæ призон бынат дæттынц хорз гæнæнтæ. Ис, бæстæйы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæм æнæ иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæй бацæуыны фадат.
4-æй 11-æм къласы онг ахуырдзаутæ сæ зонындзинæдтæ бæлвырд кæнынц 24 предметæй. Цæгат Ирыстоны ныридæгæн уыдысты олимпиадæтæ историйæ, литературæйæ, астрономийæ, экономикæйæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæныны æмæ æдасдзинады бындуртæй.
Скъоладзауты æппæтуæрæсеон олимпиадæйы регионалон координатор у ахуырадон центр «Вершина». Ныридæгæн цæуы конкурсон æвзæрст иннæ олимпиадæмæ цæттæ кæныны иугонд къордтæм.
Фыццаг бланктæ радтой. Фæлæ ууыл куыст нæ фæцис. Скъолайы хуыздæр зондабитæн афæдзы сæйраг интеллектуалон марафон нырма ныр райдыдта.




