филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:54 четверг, 25 апреля 2024
10 февраля 2023, 11:28
Цæгат Ирыстоны райдыдтой Гуыриаты Тамерланы номыл æхсæзæм кæстытæ

Ахуыргæндтæ Мæскуыйæ, Кавказæй æмæ фæсарæнтæй дзурынц, зындгонд профессор йæ цард кæмæн снывонд кодта, уыцы фарстатыл

Цæгат Ирыстоны райдыдтой зындгонд ахуыргонд-æвзагиртасæг, æхсæнадон архайæг, филологон наукæты доктор æмæ профессор Гуыриаты Тамерланы номыл æхсæзæм кæстытæ. Ахуыргæндтæ Мæскуыйæ, Кавказæй æмæ фæсарæнтæй дзурынц, зындгонд профессор йæ цард кæмæн снывонд кодта, уыцы фарстатыл. Уыдонимæ — æвзагзонынад, нарты кадджытæ æмæ культурæты хсæн ахастдзинæдты фарстатæ. Наукон мадзæлттæ цæудзысты цалдæр боны. Уымæй уæлдай ма, нæ бæстæйы раззагдæр профессортæ сæ зонындзинæдтæй фæхай кæндзысты æрыгон ахуыргæндтæн æмæ студенттæн. Гуыриаты Тамерланы сфæлдыстад ныронг дæр кæронмæ иртæст нæма æрцыд, ахуыргонд ныууагъта фараст сæдæ куыстæй фылдæр. Æрыгон ахуыргæндтæ сæ докладты фæрцы бафæлвардзысты зындгонд профессоры наукон бынтæ арфдæр басгарын. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Гуыриаты Тамерланы номыл кæстытæ арæзт цæуынц Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты хъæппæрисæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania