филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:08 суббота, 04 мая 2024
19 июля 2023, 12:06
Цæгат Ирыстоны сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани цæуы нысантæм гæсгæ

Ныридæгæн уал баулæфыдысты 11 мин адæймагæй фылдæр

Цæгат Ирыстоны сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани цæуы нысантæм гæсгæ. Профилон куыстуæтты ныртæккæ цæуы æртыккаг фæлладуадзæн фæлтæр. Ныридæгæн уал баулæфыдысты 11 мин адæймагæй фылдæр. Ахæм нымæцтæ сæрмагонд æмбырды фехъусын кодта фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ. Ацы аз сæ фæллад суадзын æмæ се нæниздзинад фæхуыздæр кæныны фадат ис 40 мин сывæллонæн. Уæлдай æргом здæхт цæуы, царды зын уавæрты чи бахауд, ахæм кæстæртæм, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сабитæм. Уымæй дарддæр нæ республикæйы уавæртæ сарæзтой Запорожьейы облæсты Черниговы районæй, стæй Луганскы æмæ Донецкы адæмон республикæтæй сывæллæттæн. Профилон æмæ тематикон фæлтæрты сывæллæттæ исынц хæрзхъæд хæринаг æмæ æмбæлгæ санаторон-курортон процедурæтæ. Уæдæ ирхæфсæн программæ дæр у хъæздыг æмæ алывæрсыг.  Тæмисчъы санаторийы æмæ пансионат Урсдоны арæзт æрцыд фыццаг сæрмагонд фæлтæр. Августы та реабилитацион центр Тæмисчъы ацæудзæн Æппæтуæрæсеон змæлд «Движение первых»-ы профилон фæлтæр. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй  бæрнон министрадты æмæ ведомствоты, стæй районты сæргълæуджыты хæс у рæзгæ фæлтæрæн æмбæлгæ фæлладуадзæн уавæртæ саразын. Скъолаты лагерьтæ дæр кусынц куыд æмбæлы, афтæ, – фехъусын кодта ахуырады министр Алыбекты Эллæ. Хицауады сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæ та радзырдта Краснодары краймæ йæ кусæг балцы тыххæй. Бабæрæг кодта Сау денджызы был дзæбæхгæнæндæттæ. Ныртæккæ дзы нæ республикæйæ сæ фæллад уадзынц 1800 лæппуйы æмæ чызджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania