филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:07 четверг, 02 мая 2024
17 мая 2022, 10:15
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд, транспорты газы артаджы къабазы чи кусы, уыцы амалхъом адæймæгтимæ

Нæ республикæйы газы аргъ иннæ регионтимæ абаргæйæ фылдæр кæй у, уымæй

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд, транспорты газы артаджы къабазы чи кусы, уыцы амалхъом адæймæгтимæ.Республикæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй адæм хъаст кæнынц, нæ республикæйы газы аргъ иннæ регионтимæ абаргæйæ фылдæр кæй у, уымæй. Хъæуы бацархайын, цæмæй бæрзонд æргъты аххосаг сбæрæг уа, æмæ уавæр аива. Артаджы æргътæм нæ бæстæйы ис паддзахадон цæстдард. Сергей Меняйло дæнцæгæн æрхаста – арæзтад, финансон лæггæдтæ, хойраг æмæ фармацион къабæзты минæвæрттимæ цы фембæлдтæ сарæзта, уыдон. Уæд иумæйаг тыхтæй сæ къухы бафтыд хойраг æмæ хосты дефицит ма рауадзын. Уымæй уæлдай алыг кодтой, нæ республикæмæ цы арæзтадон æрмæджытæ ласынц, уыдоны аргъы фарста. Бензин æмæ газы къабазы дæр хъæуы уыцы фæткмæ гæсгæ архайын – загъта Сергей Меняйло. Экономикæйы рæзты министр Кучиты Зауыр куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ нæ республикæйы кусы 135 артаджы станцæйы. Уыдонæй 6 уæй кæнынц метан. Уымæй уæлдай республикæйы архайынц 8 егъау федералон компанийы. Ведомствæйы разамонæг куыд бафиппайдта афтæмæй Цæгат Ирыстоны иннæ регионтимæ абаргæйæ газы аргъ у зынгæ фылдæр. Иу литры рæстæмбис аргъ у 21 сомы æмæ 70 капеччы. Сергей Меняйло цæстдарæг оргæнтæм фæсидтис, цæмæй фæахадгæдæр кæной къабазы минæвæрттимæ куыст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania