филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:20 суббота, 04 мая 2024
01 июня 2022, 13:07
Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой сыхæгты æппæтадæмон бон

Сæйраг мадзæлттæ ацыдысты Кировы районы Комсомольскæйы хъæуы

Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой сыхæгты æппæтадæмон бон. Сæйраг мадзæлттæ ацыдысты Кировы районы Комсомольскæйы хъæуы. Фенæн дзы уыд цымыдисаг хъæууонхæдзарадон равдыстытæ, дæсныйадæвдисæг азуыртæ, спортивон ерыстæ æмæ конкурстæ. Фестивальмæ уазджытæ ссыдысты Дагестанæй, Кæсæг-Балхъарæй æмæ Цæцæны республикæйæ. Сыхæгты æппæтадæмон бон бæрæггонд цæуы 2015-æм азæй фæстæмæ Уæрæсейы алы регионты. Æхсызгон мадзалы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Куыд æмбæлы, афтæ хорз сыхæгтæн зæрдиагæй загътой «æгасцуай». Фынгтæ парахатæй æвæрд, æмæ сыл алы адæмыхæттыты хойрæгтæ. Ам фенæн ис ирон чъиритæ, уырыссаг традицитæм гæсгæ цæхджынтæ, кæсгон æмæ балхъайраг хычынтæ, стæй гуырдзиаг чурчхела. Уæвгæ та сыхæгты культурæимæ зонгæ кæнын æнцондæр у традицион хæринæгты фæрцы.

Комсомольскæйы хъæуы цæрджытæн хорз сыхæгты бон хуымæтæг бæрæгбон нæу. Æгъдаумæ гæсгæ дзы арæзт æрцæуынц бæрæгбоны мадзæлттæ. Афтæмæй раарфæ кæнынц, сæ фарсмæ чи цæры, æппæт уыцы адæмыхæттыты минæвæрттæн, стæй ма равдисынц æгæрон уарзондзинад сæ райгуырæн хъæумæ.

Афтæ кæны Мæргъиты Уарзетæ. 30 азмæ хæстæг æххуыс кæны фæкæсынхъуаг бинонтæн æмæ ацæргæ адæмæн. Алчидæр ын у хи бинонтау.

Хъæуы хицæндзинад равдисын æмæ сæ раппæлинаг хъуыддæгтæ раргом кæнын. Рагæй æрæгмæ дæр-иу сыхæгтæ æрæмбырд сты, æмæ-иу кодтой æрмдæсныйады куыст.

Ам ма фенæн ис къуымбилæй быд дзаумæттæ. Хъæуы цæстыгагуыйву хъахъхъæнынц æмæ æххæст кæнынц рагон традицитæ. Зæрдиагæй сæ хæццæ кæнынц рæзгæ фæлтæрмæ. Ууыл дзуры æппæтуæрæсеон проект «Добрые соседи»-йы разамонæг Сергей Кузнецов. Куыд загъта, афтæмæй сæ ирыстойнаг фæлтæрддзинады тыххæй ныры онг базыдтой Сыбыры æмæ Камчаткæйы. Ацы аз фестивальмæ иунæгæй не ссыд. Суазæг сæ кодтой сæ хорз сыхæгтæ.

Бæрæгбонмæ уазджытæ ссыдысты Кæсæг-Балхъарæй, Цæцæны республикæйæ æмæ Дагестанæй. Куыд æмбæлы, афтæ лæвæрттимæ. Æппæты кæстæртæн та ма иу æхсызгондзинад. Уазæгуаты сæм æрбацыдысты мультипликацион нывты хъайтарты. Кæфтытæ, хъæзтытæ æмæ хорз зæрдæйы ахаст. Бæрæгбонмæ æрбамбырд сты хъæуы кæстæртæ. Уыдон сæ сабибонтæй фæстæмæ ахуыр кæнынц кæрæдзийæн аргъ кæныныл.

Хорз сыхæгты фестиваль арæзт фæцæуы алы аз дæр. Ацы хатт йæ статус аивта, æмæ сси регионты хсæн мадзал. Йæ саразджытæ фæнд кæнынц фестивалы архайджыты нымæц афæдзæй-афæдзмæ фылдæр кæнын. Уый та дзурæг у, хæлар сыхæгтæ дæр фылдæр кæй кæндзысты, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania