16 февраля 2024, 11:55
Цæгат Ирыстоны скъолаты фæзындзæн курс «Ирыстон – мæ истори»
Уый тыххæй фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ
Цæгат Ирыстоны скъолаты фæзындзæн курс «Ирыстон – мæ истори». Уый тыххæй фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Скъоладзаутæ Райгуырæн бæстæйы истори элективон курсы хуызы ахуыр кæнын райдайдзысты ног ахуыры аз. Уымæй уæлдай ма, кусын райдыдтой Ирыстоны историйы ног чиныг рауадзыныл дæр. Алыбекты Эллæ куыд зæгъы, афтæмæй элективон курсы хæс у Ирыстоны историйæ зонындзинæдты æмвæзад уæлдæр кæнын.
темæмæ гæсгæ