филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:57 суббота, 04 мая 2024
20 июля 2023, 12:00
Цæгат Ирыстоны цæрæг Владимир Белоярцев сси федералон проект «Особенная красота»-йы архайæг

Цæгат Ирыстоны цæрæг Владимир Белоярцев сси федералон проект «Особенная красота»-йы архайæг. Баст у, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмимæ. Владимирмæ ис Дауны синдром. Фæлæ йæ уый нæ хъыгдары активон цардыуаг кæнын. У æхсæнадон архайæг, волонтер, театры актер.

Актер, кафæг æмæ активист. Уый алцыдæр Владимир Белоярцевы тыххæй. Нæлгоймагмæ ис Дауны синдром. Фæлæ йемæ иу хатт чи аныхас кодта, уый зоны, Владимир у зæрдæхъæлдзæг адæймаг. 10 азы кафы адæмон кæфтытæ. У Мæздæджы адæмон драмон театры æмæ инклюзивон театр «Солнечный город»-ы артист. Кæны æхсæнадон архайд дæр. Владимир рагæй кусы хæрзаудæн фондтæ «Быть добру»-йы æмæ «Вовин дом»-ы. Арæх æй æрбахонынц аниматорæй сывæллæтты бæрæгбæттæм – фæлтæрдджын актертæй дæлдæр не рлæууы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ Мæздæджы уынгты арæх базонынц.

Йæ сабибонтæй фæстæмæ Владимир Белоярцев хицæн кодта сæрмагонд тырнындзинадæй. 4 азы йыл куы цыд, уæд сахуыр кодта кæсын. Уæдæй фæстæмæ бакаст сæдæгай чингуытæ. Æдзух архайдта спортæй дæр. Штангæйы секци, тренажерты зал, уæлдæфы тезгъо. Йæ нана СталИна Белоярцева куыд зæгъы, афтæмæй сæ хъæбулы иннæтæй никуы хицæн кодтой. Владимирæй сæрыстыр у, æмæ йын алы хъуыддаджы дæр æххуыс кæны.

Йæ ныхасы аипп Владимиры нæ хъыгдары сценæйæ дзурын. Цалдæр азы архайы инклюзивон форум «Без границ»-ы. Вæййы санатори «Тæмисчъы». Бæстæйы алы регионтæй сæдæгай адæймаджы кæрæдзийæн радзурынц сæ историтæ, фæзыны сын ног хæлæрттæ. Уым Владимир базонгæ хуызисæг Юлия ОтрОщенкоимæ дæр. Чызгæн ис хи проект «Особенная красота». Владимир сси йæ хъайтар. Авторы хъуыды у, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн æрмæст сæ историтæ дзурын нæ, фæлæ ма æвдисын тыхджын æмæ цымыдисаг адæмы дæнцæгтæ.

Ныртæккæ Владимирыл цæуы 36 азы. Фидæнмæ йæм ис стыр фæндтæ. Баст сты сфæлдыстадимæ æмæ æхсæнадон архайдимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania