филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:03 среда, 08 мая 2024
28 марта 2024, 13:52
Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æвзарынц, 2025-æм азы цы территоритæ саив кæнын хъæудзæн, уыдон

Хъæлæс кæныны процедурæ ныртæккæ дæр цæуы сайт 15.gorodsreda.ру.-йы

Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æвзарынц, 2025-æм азы цы территоритæ саив кæнын хъæудзæн, уыдон. Хъæлæс кæныны процедурæ ныртæккæ дæр цæуы сайт 15.gorodsreda.ru-йы. Схъæлæс кæныны фадат ис алкæмæн дæр, æмæ равзарын 60 территорийы хсæн. Фылдæр хъæлæстæ кæцы зонæ æрæмбырд кæна, уым баивдзысты асфальт, сæвæрдзысты рухсытæ æмæ бакæндзысты цъæх фæлысты куыстытæ. Æдæппæтæй фидæны аз базилдзысты 35 æхсæнадон территоримæ. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæстондæр.

Горæты территориты аивдзинадыл схъæлæс кæныны барæй Цоколаты Зæринæ спайда кæны алы аз дæр. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ бон иуварс лæууын нæу. Ацы хатт Зæринæ равзæрста Владикавказскийы уынджы æхсæнадон зонæ. Æдæппæтæй та схæълæс кæнынмæ хаст æрцыд 61 æхсæнадон территорийы республикæйы æппæт районты. Хатдзæгтæм гæсгæ равзардзысты 35 объекты. Уыдон хъуамæ саив кæной фидæны азы. Баивдзысты дзы рухсытæ, асфальт, сæвæрдзысты урнæтæ æмæ бандæттæ.

Дзæуджыхъæуы схъæлæс кæнынмæ равæрдтой 33 æхсæнадон зонæйы. Хыгъды сты: Пожарскийы уынджы Доны станцæ, Намысы Мемориал, Ирон театры алыварс территори. Уымæй дарддæр ма рахастой фæндон, горæты Терчы былгæрон цалдæр фæлладуадзæн зонæйы саив кæныны тыххæй. Сæ иу – Сунниттаг мæзджытæй Плиты Иссæйы цыртдзæвæны онг уаццаг. Дзæуджыхъæуы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй адон сты парахатдæр бынæттæ туристты хсæн.

Хъæлæс кæнынмæ бахастой, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæ. Зæгъæм, Куйбышевы уынджы 1-æм поликлиникæйы алыварс территори. Фылдæр хъæлæстæ куы сæмбырд кæна, уæд ам рæхджы фæзындзæн чысыл фæлладуадзæн зонæ.

Федералон проект «Горæты æнцновадат архайд» æххæстгонд цæуы 2019-æм азæй фæстæмæ. Уыцы мгъуыдмæ ног цард радтой республикæйы районты бирæ æхсæнадон территоритæн. Ахсджиаг у уый, æмæ аивгæнинаг зонæтæ разварынц цæрджытæ сæхæдæг.

Æнæххæст мæймæ сæ фæндон равдыстой æмæ схъæлæс кодтой 70 мин адæймаджы. Уыцы фадат ма алкæмæн дæр ис 30-æм апрелы онг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania