филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:44 воскресенье, 28 апреля 2024
10 августа 2023, 12:05
Цæгат Ирыстоны цалдæр боны уæлдæфы температурæ у тынг бæрзонд

Синоптиктæ куыд зæгъынц, афтæмæй уæлдæфы бæрзонд температурæ ахæсдзæн 11-æм августмæ

Цæгат Ирыстоны цалдæр боны уæлдæфы температурæ у тынг бæрзонд. Боныгон вæййы 35 градусæй 38 градусы онг. Уыцы бæрæгæнæнтæ æвзæр ахадынц куыд адæмыл, афтæ цæрæгойтыл дæр. Фæлæ горæты сырддоны цæрджытæн æнцондæр у. Цæмæй, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ.

Уазал дон у сæрды æнтæф бонты ирвæзынгæнæг. Æмæ йæ Дзæуджыхъæуы сырддоны скусын кæнынц рæстæгмæ гæсгæ. Алы вольер дæр ифтонггонд у ахæм фæрæзæй. Цæрæгойты дон ивынц алы сахат дæр, цæмæй чъизи дон ма бануазой, уый тыххæй. Алкæмæн дæр хæрыны рæстæг у йæхи, фæлæ джитъритæ хъæуынц алкæйы дæр.

Уæдæ арс Тимохæ дæр, иннæ цæрæгойты хуызæн йæхи найы. Бирæ азты архайдта цирчы, фæлæ уый фæстæ цæстæй нал уыдта æмæ йæ æрбаластой сырддонмæ. Зæгъæн ис, æмæ цæрæгойтæ иууылдæр ацы бынатмæ афтæ æрбахаудысты. Ис ахæмтæ дæр, æмæ адæмы къæппæджытæм бахауынц æмæ сæ бон æнæххуысæй фæцæрын нал вæййы. Зæгъæм, бирæгътæ дон тынг нæ уарзынц. Уæдæ цæрæгойты цы къалатиты дарынц, уыдон дæр къуыри иу хатт бæстон ныхсынц.

Кæд æнтæф бон цæрæгойтæм базилынц, уæд адæмы та сæхи хъæуы хи хъахъхъæнын. Уымæн æмæ уæлдæфы температурæ бæрзонд куы уа, уæд уæлдай зындзинад хæссы ацæргæ æмæ се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, сæкæрнизæй рынчын чи у, уыцы адæмæн, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллæттæн дæр.

Алы адæймагыл дæр уæлдæфы бæрзонд температурæ алыхуызон ахады. Иутæ йæ се нæниздзинадыл нæ банкъарынц, иннæтæ та – фæрынчын вæййынц, кæнæ сæ ныццæвы хур. Дохтыртæ амонынц цалдæр æнцон архайды. Хъæуы сæ бахъуыды кæнын алкæйы дæр.

Синоптиктæ куыд зæгъынц, афтæмæй нæ республикæйы тæвд боныхъæдыл ахады, йæ астæу Архангельскы сæрмæ кæмæн ис, уыцы антициклон.

Синоптиктæ куыд зæгъынц, афтæмæй уæлдæфы бæрзонд температурæ ахæсдзæн 11-æм августмæ. Уымæ гæсгæ хъæуы къæрцхъус уæвын æмæ хи хъахъхъæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania