филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:44 пятница, 10 мая 2024
24 августа 2023, 13:01
Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы бахыгътой мобилон æвзарæн къамисы фæлварæн проекты фыццаг къæпхæны бæрæггæнæнтæ

Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй дыууæ къуырийы дæргъы 115 специалисты æрзылдысты 110 адрисыл

Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы бахыгътой мобилон æвзарæн къамисы фæлварæн проекты фыццаг къæпхæны бæрæггæнæнтæ. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй дыууæ къуырийы дæргъы 115 специалисты æрзылдысты 110 адрисыл. Сæ куысты нысан уыдис æвзарджытæм алкæмæ дæр хъæлæс кæныны фæткы тыххæй информаци комкоммæ фæхæццæ кæнын. Уыцы хъуыддаджы сын стыр æххуыс уыдысты нырыккон планшеттæ сæрмагонд программæтимæ. Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныртæккæ бæрæг кæнынц, фыццаг къæпхæны цы аипдзинæдтæ æруагътой, уыдон, цæмæй сæ сраст кæной, уый тыххæй. Дыккаг къæпхæн райдайдзæнис майрæмбоны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania