24 сентября 2026, 11:58
Цалдæр боны размæ Дзæуджыхъæуы фесты Липецкы драмон театры гастрольтæ
Ныр та Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны академион театр абалц кодта Липецкмæ
Цалдæр боны размæ Дзæуджыхъæуы фесты Липецкы драмон театры гастрольтæ. Ныр та Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны академион театр абалц кодта Липецкмæ. 24-æй-27-æм сентябрьмæ уым нæ артисттæ равдисдзысты 4 спектаклы: куыд национ драматургийы, афтæ уырыссаг æмæ фæсарæйнаг классикæйы уацмыстæ. Аивадуарзджытæ фендзысты «Гæздæнтæ», «В списках не значился», «Он. Она, Окно, Покойник» æмæ «Отелло». Ацы хъуыддаг æххæстгонд цæуы регионты хсæн федералон программæ «Стыр гастрольтæ»-м гæсгæ.




