филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:23 пятница, 10 мая 2024
24 августа 2023, 12:55
Цалынмæ нæ салдæттæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы сæ хæстæ æххæст кæнынц, уæдмæ сын Ирыстоны волонтертæ архайынц алывæрсыг æххуыс кæныныл

Ацы хъуыддагмæ йе вæрæн чи хæссы, ахæм зæрдæхæлар адæм республикæйы чысыл нæй

Иумæйаг хъарутæй уæлахизмæ. Цалынмæ нæ салдæттæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы сæ хæстæ æххæст кæнынц, уæдмæ сын Ирыстоны волонтертæ архайынц алывæрсыг æххуыс кæныныл. Ацы хъуыддагмæ йе вæрæн чи хæссы, ахæм зæрдæхæлар адæм республикæйы чысыл нæй. Хъæугæ дзаумæттæ цæттæ кæнынæй уæлдай ма нæ рох кæнынц, нæ хæстонты зæрдæтæ хъарм ныхæстæй æмæ æндæр æхсызгон лæвæрттæй барухс кæнын.

Вера Бартель йæ цæст дары йæ 10-аздзыд чызджы алы къухæвнæлдмæ дæр. Ацы хуыйæн æрмадзы волонтертæ цæттæ кæнынц уæлæдарæс сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæн. Мирослава чысыл æвæрæн хæссы ацы стыр хъуыддагмæ. Зоны, йæ фæллойæ схъарм кæндзæн йæ уарзон хæстæджыты, стæй ма фронты чи ис, уыцы салдæтты.

Верæйы цæрдæмбал æмæ æфсымæр Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ араст сты сæрмагонд операцийы фыццаг бонтæй. Куыд зæгъы, афтæмæй уæд ахъуыды кодта, йæ бон фронтæн цæмæй у баххуыс кæнын. Йе мбалимæ балхæдта флисы рулон. Афтæмæй райдыдтой хуыйын. Сæ хъуыдыйы æдзух уыд, уым уазал акъопты лæппутæ куыд сты, уый.

Чызджытæм фæсидынц алы кары æмæ дæсныйады адæм, суанг ма сыхаг республикæтæй дæр. Кæмæдæр вæййы курдиат цыбыр рæстæгмæ хызтæ сбыйын дæлхайæдтæн, чидæр та æрбацæуы баххуыс кæнынмæ. Ныртæккæ цавæрфæнды æххуыс дæр ахсджиаг у – фронты чи ис, стæй сæм сæхимæ чи æнхъæлмæ кæсы, уыдонæн.

 

Æфсæддон экипировкæ бархионты змæлды хуыйынц æхсæвæй-бонæй. Алы дзаума дæр сæрмагонд биркæимæ «Уарзондзинадимæ Ирыстонæй». Кусынц 2 хуыйæн машинæйыл. Уыдон ссарын, куыд ацы агъуыст дæр, афтæ баххуыс кодтой зæрдæхæлар адæм.

Æрæджы та æрмдæснытæ бакуыстой камуфляжы ног хуызыл, цæмæй хæстонты змæлгæйæ мацы тыхсын кæна. Ацы видеойы маскхалаттæ Ирыстоны волонтертæй. Костюмтыл бакуыста Вера Бартель. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, сæ бахуыйынæн синтетикон хъуымац ТИСИ у æппæтæй хуыздæр. Хорз уромы уымæлад, стæй бирæ рæстæг балæггад кæндзæн.

Фронтмæ хæстæгдæр рæстæг æрвыст æрцæудзысты ампулæтæ дарæн фæрæзтæ дæр. Уыдонæн æмбæлгæ аргъ скодтой нæ хæстонтæ. Сты æнцонархайд, æмæ сæ фæрцы, æцæгдæр ис цард аирвæзын кæнын.

Знаджы хсæн арæнтæ нæ танкисттæ пырх кæнынц артиллерийы æмæ æнæ пилотæй тæхæн аппаратты фæрцы. Хъахъхъæныны раззаг кæронмæ æрмæст цалдæр километры. Не *фсæддонты фидартæ – знагæн зын нысантæ сты. Блиндажтæ, бункертæ æмæ уæззау техникæ хъахъхъæд цæуынц маскировкæгæнæн хызтæй. Сбыдтой сæ ирыстойнаг волонтертæ. Зонынц æй, иу хъуыддагыл архайынц.

Нæ салдæтты зæрдæтæ хъарм кæнынц хæрзад аходæнтæ дæр. Анна Левченкойы цæлгæнæны бирæ хус ингредиенттæ, халсартæ, бас. Цыдæриддæр хъæуы, уыдон цæттæ сты упаковкæ кæнынмæ. Ахæм хойрæгтæй æфсæддон цуайнагæн ам цæттæ кæнынц хус хъæрмхуыппытæ.

Уæлахизæн аходæнтæ чысыл партитæй æдзух æрвыст цæуынц фронтмæ. Æмæ алы хатт дæр уый вæййы хуымæтæг æрвитæггаг нæ. Фыццаджыдæр, уый у аудындзинад равдисыны æмæ уæлахиз æрбахæстæг кæныны фадат.

Ирыстонæй хъæрмхуыппытæн фронты стыр аргъ скодтой. Хæстонты ныхæстæм гæсгæ, ацы хæринаджы фæрцы сæхи банкъардтой, цыма хæдзары уыдысты, афтæ.

Æфсæн банкæ, картон, парафин. Ацы мыдадзын цырæгътæ хæстонтæ фонарьтæ хонынц, фæлæ æрмæст рухс нæ дæттынц. Сæ фæрцы ис схъарм кæнын хæринаг, дон, æмæ суанг бахус кæнын уæлæдарæс. Цæттæ кæнын сæ æнцон у, фæлæ сын æрмæг ссарын та – зын. Ацы хъуыддаджы волонтертæн баххуыс кодта Ирыстоны бизнес, уыимæ йæхи хъæппæрисæй.

Ацы хызуæфт æрсыты ротæ тагъд æрвыст æрцæудзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Се хсæн ис сæрмагондæй бæлвырд адæмæн кæй скодтой ахæмтæ дæр. Зындгонд æфсæддон уацхæссæг Мамсыраты Георгий Цæгат Ирыстонмæ куы ссыд, уæд æм æнхъæлмæ каст æхсызгон лæвар.

Ахæм лыстæг хъуыддæгтæ фронты куыд ахсджиаг сты, уый æрмдæснытæ хорз зонынц.

Æфсæддонтæн хъазæнтæ æрвитыны хъуыды æнæнхъæлæджы райгуырд. Чебурашка та хæстонтæн уæвгæ дæр сси талисман. Бирæтæн ахæм лæвар сси уарзон хæдзары хъармы нысан.

Фронтмæ æххуыс æдзух æрвыст цæуы. Хæстонтæ архайынц кæддæриддæр бузныджы ныхæстæ зæгъыныл. Æмæ, гæнæн ис, цæмæй ахæм арфæтæ уой фылдæр. Волонтерты æдзухдæр хъæуы зæрдæхæлар адæмы æххуыс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania