филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:08 пятница, 19 июня 2026
21 марта 2026, 10:16
Центр «Интеллект»-ы ахуырдзаутæ робототехникæйы секцийы сæ проекттæ æххæст кæнынц хъуыдыйæ цæттæ фæрæзы онг

Семæ фæархайынц ерысты æмæ бацахсынц раззагдæр бынæттæ

Робот-сыгъдæггæнæг, робот-блокиратор æмæ ма суанг робофутболисттæ дæр. Уæлæмхасæн ахуырады центр «Интеллект»-ы ахуырдзаутæ робототехникæйы секцийы сæ проекттæ æххæст кæнынц хъуыдыйæ цæттæ фæрæзы онг. Семæ фæархайынц ерысты æмæ бацахсынц раззагдæр бынæттæ. Центры ис, хицæнтæй æмæ къордгай кусыны фадат. Сæ цымыдисаг проекттæ та гæнæн ис, æмæ фидæны фенцондæр кæндзысты æрвылбоны цард. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Скъоладзауты къухты фидæн. Уæлæмхасæн ахуырады центр «Интеллект»-ы 100 ахуырдзауы онг архайынц робототехникæйæ, аразынц, ахуырадон конструкторты арæнтæй чи рахизы æмæ æрвылбон царды алыхуызон хæстæ чи лыг кæны, ахæм фæрæзтæ. Ахæм æнтыстджын ахуырдзаутæй иу у Хъараты Олег. Цæуы йыл 14 азы. Ахуыр кæны 8-æм къласы æмæ ныридæгæн бæлвырд зоны, йæ цард æй инженериимæ сбæттын кæй фæнды, уый. Йæ проект у рудзгуыты æдасдзинады робот. Фæрæз рудзгуытæ блокировкæ кæны, æмæ афтæмæй сывæллон кæнæ хæдзары цæрæгойтæ кæй рахаудзысты, уый гæнæн къаддæр кæны, змæлды датчикты фæрцы та, рудзынг гом кæнæ æхгæнгæйæ,  хицауы телефонмæ æрбацæуы хъусынгæнинаг.

Ахæм проекттыл скъоладзаутæ бакусынц куыд къордгай, афтæ хицæнтæй дæр. Алы ахуырдзау дæр фæархайы хи проектыл æмæ сæххæст кæны æппæт къæпхæнтæ: хъуыдыйæ цæттæ фæрæзы онг. Сæ куыстытимæ рæзгæ фæлтæр æдзух фæархайынц регионалон æмæ æппæтуæрæсеон конкурсты. Бацахсынц призон бынæттæ.

Роботтæн ма сæ бон у æрвылбон царды æххуыс кæнын. Зæгъæм, мæнæ ма иу проект – робот-сыгъдæггæнæг. Сæрфы пъолыл дзабыртæй фæдтæ. Ахуырдзау Матвей Коврыгины хъуыдымæ гæсгæ, ахæм фæрæзтæ зынгæ фенцондæр кæндзысты техникон персоналы куыст скъолаты æмæ æндæр кусæнуатты. Фæстауæрц кæндзысты æфснайыны рæстæг æмæ процесс скæндзысты ахадгæдæр.

«Интеллект»-ы æрмæст наукон-социалон проекттæ нæ кæнынц. Ам ма бакусынц ерысгæнæн модельтыл дæр. Скъоладзаутæ аразынц робот-сумоистты æмæ ма суанг футболистты дæр. Семæ архайын хъæуы мобилон уæлæфтуаны фæрцы. Алы модель дæр домы бæлвырд зонындзинæдтæ.

Афтæ скъоладзаутæ хуыздæр кæнынц сæ проекттæ, ахуыр кæнынц командæйы кусыныл æмæ тырнынц уæлахизтæм. Гæнæн ис, æмæ фидæны сæрмагондæй сæ архайд баххуыс кæндзæн æрвылбон цард æнцонвадатдæр æмæ æдасдæр скæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania