филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:03 понедельник, 06 мая 2024
25 мая 2023, 11:35
ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланимæ æрныхас кодта, уæлдæр ахуыргæнæндæтты хсæн æмгуыстады мадзæлттыл

Нæ республикæйы делегацийæн кусæг балц уыди Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмæ

ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланимæ æрныхас кодта, уæлдæр ахуыргæнæндæтты хсæн æмгуыстады мадзæлттыл. Нæ республикæйы делегацийæн кусæг балц уыди Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмæ. Фембæлды ныхас цыди фидæны иумæйаг куысты пъланыл. Огъуаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, дыууæ университетæн бирæ къабæзты рагæй дæр ис æмгуыстад. Уый, историон ахуырад, ирон филологи æмæ журналистикæ. Ныр уыцы хъуыддæгтæ хъæуы фæахадгæдæр кæнын. Нысанты ис информацион технологиты, физикæ, математикæ æмæ химион-биологон къабæзты æмгуыстад кæнын. Хуссар Ирыстоны университеты ректор Тедеты Вадим куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы фембæлдæн ис стыр ахадындзинад фидар бындур сæвæрынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania