филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:57 понедельник, 13 мая 2024
30 августа 2023, 14:02
ЦИПУ-йы ЮНЕНСКО-йы залы ацыд радон æмбырд Уæрæсейы æхсæнад «Знание»-йы проект «Знание. Государство» æххæст кæнгæйæ

Егъау проект царды рауагътой мæйы размæ

ЦИПУ-йы ЮНЕНСКО-йы залы ацыд радон æмбырд Уæрæсейы æхсæнад «Знание»-йы проект «Знание. Государство» æххæст кæнгæйæ. Егъау проект царды рауагътой мæйы размæ. Бакодтой йæ рухстауæн семинартæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон кусджытæн. Ацы хатт форумы уазджытæ уыдысты Уæрæсейы президенты  æххæстбарджын минæвары аппараты специалисттæ Цæгат Кавказы Федералон зылды, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы разамынд. Мадзалы лектортæ уыдысты ЦИПУ-йы ахуыргæндтæ. Архайджытæн радзырдтой, Паддзахад куыд равзæрд, уый тыххæй, стæй нымæцон технологиты райрæзты тыххæй дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Уæрæсейы æхсæнад «Знание»йы регионалон хайад Ирыстоны байгом кодтой 2021-æм азы. Ацы аз, мартъийы та ЦИПУ-йы фæзынд организацийы филиал. Афæдзы кæронмæ ма паддзахадон кусджытæн сараздзысты цалдæр ахæм мадзалы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania