филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:02 суббота, 04 мая 2024
14 марта 2023, 11:39
ЦИПУйы студенттæ активонæй архайынц проекттæ æмæ наукон фæлварæнтæ аразыны хъуыддаджы

Лæппутæ æмæ чызджытæ кæнынц косметикон продукци, стæй бæрæг кæнынц, адæймаджы æнæниздзинадæн хуымæтæг æмæ электрон тамакотæ цы зиан хæссынц, уый

Бындуртæй райдай æмæ стыр наукæмæ бакъахдзæф кæн. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты химийы, биологийы æмæ биотехнологийы факультеты студенттæ активонæй архайынц проекттæ æмæ наукон фæлварæнтæ аразыны хъуыддаджы. Лæппутæ æмæ чызджытæ кæнынц косметикон продукци, стæй бæрæг кæнынц, адæймаджы æнæниздзинадæн хуымæтæг æмæ электрон тамакотæ цы зиан хæссынц, уый. Студенттæ сæ зонындзинæдтæ нæ бавгъау кæнынц скъоладзаутæн дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Продукты хыгъд равзарын, æмæ йын йæ æууæлтæ йын сахуыр кæнын. Табеккаты Даниэллæ кæны наукон куыст. Бакуыста, алы буары хуызæн дæр пайда чи уыдзæн, ахæм крем. Йæ хыгъды алыхуызон витаминтæ, эмульгатор æмæ немыцаг технологимæ гæсгæ масло.

Анастасия Николаева та йæ командæимæ бакуыстой рухстауæн проектыл. Лæппутæ æмæ чызджытæ иртæстой электрон тамакоты æмæ вейптæ кæй хонынц, уыдоны зиан адæймаджы æнæниздзинадæн. Иртæстытæ куыд равдыстой, афтæмæй, 10 азы кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ дæр æмхиц вæййынц ацы зианхæссæг фæткыл. Анастасия та йæ къордимæ бацархайдтой иннæ хъуыды ныффидар кæныныл. Бæлвырддæр та уый, æмæ электрон тамакотæ хæссынц къаддæр зиан адæймагæн.

Бесаты Дианæ та бакуыста социалон проектыл. Ног азы бæрæгбонмæ йæ командæимæ сфыхтой 200 адджын гуылы.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ канд сæхæдæг нæ фæархайынц ног проекттимæ. Сæ иртæстыты тыххæй радзурынц æвзонг химикы скъолайы дæр.  Лæппутæн æмæ чызджытæн баххуыс кæнынц бæлвырд наукæйы бындуртæ базонын. Хими у цымыдисаг æмæ æнцон ахуыр кæнæн.

Ахуыры рæстæг студенттæм-химиктæм фæзынынц профессионалон зонындзинæдтæ. Иртасæн куыст та сын баххуыс кæны сæ дæсныйад фылдæр бауарзынæн. Афтæмæй та фæсивæд æххæст кæнынц профессионалон хæслæвæрдтæ.

Студенттæн сæ уæлæмхасæн куыстæн факультеты ис материалон-техникон бындур æмæ æмбæлгæ реагенттæ. Иу дзырдæй – алцыдæр сæрмагонд иртасæн куыст кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania