филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:25 среда, 22 мая 2024
25 октября 2022, 11:30
Цыколайы уыди хъæууонхæдзарадон армукъа

Сæ продукци дзы равæрдтой 20 бынæттон куыстуаты

Цыколайы уыди хъæууонхæдзарадон армукъа. Сæ продукци дзы равæрдтой 20 бынæттон куыстуаты. Уыдон сты, алы азты сæ фермерон хæдзарæдты рæзтæн паддзахадон æххуыс чи иста, ахæм куыстуæттæ. Армукъайы æргътæ уыдысты базарадонæй 15-20 % къаддæр. Уымæн æмæ адæм продукци æлхæдтой хъæууонхæдзарадон куыстуæттæй сæхицæй, армукъа аразджытæн та базарадон бынæттæн арендæйы аргъ фидын нæ хъуыд. Темæ дарддæр ахæццæ кæндзæн Сосранты Жаннæ.

Æрæфы районы цæрджытæн хорз гæнæн. Азты цыдимæ рабæрæг, хъæууон хæдзарады къабазы чи архайы, уыдоны фæллой. Цыколайы равæрдтой сæ фæззыгон бæркад. Асламдæр аргъæй дзы балхæнæн уыд æхсыры продуктæ, хæдзарон кæрчыты æйчытæ, фæткъуытæ. Уæдæ ма дзы райсæн уыд пайдайаг зонындзинæдтæ дæр. Хъæууон хæдзарадон армуркъæйы  æппæтæй тынгдæр æлхæнджытæ фарстой Таматы Барисы продукци. Фермер 30 азæй фылдæр кæны мыды куыст, фæлæ армукъæйы та архайы фыццаг хъатт.  Арбаласта йæ продукцийы хуыздæр хуызтæ. Кæцытæ уайтагъд ссардтой фæндаг æлхæнджыты зæрдæтæм.

Цыколайы æмæ Æрæфы районы хъæуты цæрджыты бон уыд балхæнын продукттæ комкоммæ сæ аразæгæй. Халсартæ, дыргътæ,  зетъи, кърупатæ. Уæдæ дзы кæсаджы хуызтæ дæр балхæнæн уыд фондз хуызы. Дзидза æмæ дзидзайы продукттæ аразæг фермертæ дæр нæ фæзивæг кодтой сæ фæллойæ адæмы фæхайджын кæнынмæ. Цорионти Батраз фыстæ дарыны куыст кæд бирæ рæстæг нæма кæны, уæддæр базарады йæ ном зындгонд у йæ хæрзхъæд продукцийæ.  Дзидза уæй кæны канд нæ республикæйы нæ, фæлæ ма  Уæрæсейы центрон хайы.

Æрæфы районы хъæууонхæдзарадон армукъæйы æргътæ уыдысты ссæдз проценты онг къаддæр. Йæ архайджытæн, районы разамынд сарæзта æппæт фадæттæ адæмы аккаг  æргътыл сæ продукци раварынæн.

Армукъæйы сæ продукци равæрдта бынæттон 20 куыстуаты. Се ппæт дæр, раздæры азты, паддзахадæй райстой  грантон æххуыс сæ фермерон хæдзарæдты рæзтæн.

Æнæмæнг, фарсхæст радтын продукци аразæгæн, уыимæ фæлхасгæнæджы чыргъæды аргъ фæкъаддæр кæнын у йæ сæйраг нысан хъæууон хæдзарадон армукъæйæн. Фидæны йæ фæнд кæнынц æрвылмæйон скæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania