филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:14 вторник, 03 ноября 2026
24 июля 2026, 10:52
Цыллæ кæлмæрзæн — нæ фыдæлтæй нын цы хæзнæтæ баззад, уыдонæй иу — къухæй быд, лыстæг æндахæй, сæрмагонд технологимæ гæсгæ

Йæ рæсугъддзинадæй дисы кæй нæ бафтауа, ахæм адæймаг зын ссарæн у. æрмдæснытæ сæ уды хъарм кæм бавæрынц, ахæм цыллæ хызтæ бийынц республикæйы адæмон сфæлдыстады хæдзары цы скъола-студи ис, уым

Цыллæ кæлмæрзæн — нæ фыдæлтæй нын цы хæзнæтæ баззад, уыдонæй иу — къухæй быд, лыстæг æндахæй, сæрмагонд технологимæ гæсгæ. Йæ рæсугъддзинадæй дисы кæй нæ бафтауа, ахæм адæймаг зын ссарæн у. æрмдæснытæ сæ уды хъарм кæм бавæрынц, ахæм цыллæ хызтæ бийынц республикæйы адæмон сфæлдыстады хæдзары цы скъола-студи ис, уым. Йæ куысты тыххæй бæстондæр хабæрттæ — Чехойты Фатимæмæ.

Цыллæ кæлмæрзæнтæ бийыны скъола-студимæ чи *рбацæуы, уыдонæй алкæмæн дæр вæййы йæхи нысан. Любæ бийы лæвар йæ кæстæры кæстæрæн, Хуыцауы фæндæй — йæ чындзæхсæвмæ. Цоколаты Екатеринæйы цыллæ хызтæ бийын сахуыр кодта Дауыраты Зæлинæ. æмæ ныр йæхæдæг дæс азæй фылдæр æрмдæсныйады сусæгдзинæдтæ зæрдиагæй амоны адæмæн.

Республикæйы адæмон сфæлдыстады хæдзары цы скъола-студи кусы, уым аивады ацы хуызыл ахуыр кæнынц 40 адæймаджы. Сты алы кары — 5 азæй 85 азы онг. Алкæмæн дæр сæ ацы хъуыддагмæ ис йæхи цымыдисдзинад. Ахуыртæ цæуынц къуыри иу хатт.

Рухсанæйы зæрдæйы 5 азмæ цыллæ кæлмæрзæнтæ бийынмæ цымыдисдзинад кæны тыхджындæр. Йæ куыстытæ йын фенæн ис адæмон сфæлдыстады хæдзары стендтыл. Гыццыл Дзерассæ та хызтæ бийы куклатæн.

Ныртæккæ Цоколаты Екатеринæйы раздæры ахуыргæнинæгтæн ис сæхи хъомылгæнинæгтæ. Афтæ рохгонд технологи лæвæрд цæуы фæлтæрæй фæлтæрмæ.

Цоколаты Екатеринæйы хуызæн адæмы руаджы цыллæ кæлмæрзæнтæ бийыны аивад парахат кæны. Къухæй къухмæ цыллæ æндахимæ лæвæрд цæуы, рохгæнæн кæмæн нæй, уыцы дæсныйад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania