филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:08 понедельник, 06 мая 2024
24 апреля 2024, 12:33
Уæлахизы бонмæ алкæйы дæр  фæфæнды æрымысын йæ кадджын хистæры

Абоны райдзаст цардмæ æвæрæн чи бахаста, уыдоны нæмттæ, сæ хъæбатæрдзинæдтæ

Уæлахизы бонмæ алкæйы дæр  фæфæнды æрымысын йæ кадджын хистæры. Абоны райдзаст цардмæ æвæрæн чи бахаста, уыдоны нæмттæ, сæ хъæбатæрдзинæдтæ. Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ цы фæсивæд ацыд, уыдонæй алчи дæр бацархайдта сæ фыдæлты зæхх  фашисттæй бахъахъхъæнынмæ. Цыколамæ бацæуæны æфсымæрон ингæны ныгæд æрцыд дзæвгар хæстонтæ. Сæ нæмттæ бæрæг кæмæн сты, уыдоны номхыгъд дзы  фыст æрцыд. Ныр сæ фæдонтæ Уæлахзи боны æрбацæуынц ардæм, сæ фыдæлтæн кад скæнынмæ æмæ сын сæ ном ссырынмæ. Фæлæ ис ахæмтæ дæр, кæцытæ сæхицæн хæсыл нымайынц  хъæбатæрты æрымысын. Таухъазахты Ахметы фырт Тимуры царды фæндаг афтæ рауад, æмæ бирæ азты нæ зыдта, Ирыстонимæ йын цы бастдзинад ис, уый. Ныр республикæмæ Сахалинæй ссæугæйæ,ацы, стæй ма иннæ номарæн бынæттæ æнæ бабæрæг кæнгæ нæ фæвæййы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania