филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:53 понедельник, 06 мая 2024
21 апреля 2022, 11:10
Уæлахизы бонмæ  цæттæгæнæн мадзæлттыл æрныхас кодта организацион комитет, республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй

Куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы аз уæлахизы бон бæрæг кæнæм зын уавæрты

Уæлахизы бонмæ  цæттæгæнæн мадзæлттыл æрныхас кодта организацион комитет, республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы аз уæлахизы бон бæрæг кæнæм зын уавæрты. 77 азы размæ уæлахиз чи æрхаста, уыдоны фæдонтæ та абон дæр сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг тох кæнынц фашизм æмæ нацизмы ныхмæ. 58-æм æфсады тыхты æмæ æфсæддон фæрæзты иу хай ныртæккæ сты се фсæддон хæс æххæст кæнынмæ, загъта республикæйы разамонæг. Æфсады командæгæнæджы хæстæ æххæстгæнæг Игорь Гвозденко фехъусын кодта, механизацигонд колонна 17 иуæджы онг фæкъаддæр кæндзысты бæлвырд аххосæгтæм гæсгæ. Сæрибары фæзы Парады репетици нысангонд æрцæудзæн 28-æм апрельмæ. Сергей Меняйло Дзæуджыхъæуы администрацийы разамындæн бахæс кодта, Сæрибары фæзы районы цалцæггæнæн куыстытæ рæстæгмæ бауромын æмæ æппæт уавæртæ саразын, цæмæй æфсæддонтæ парадæн репетици скæной куыд æмбæлы, афтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania