филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:23 суббота, 04 мая 2024
03 ноября 2022, 12:11
Уæллаг Фыййагдоны скъолайæн балæвар кодтой хуры тыхæй кусæг электростанцæ

Ацы хъуыддаг æххæстгонд æрцыд ахуырадон проект «Экошкола»-мæ гæсгæ

Энергийы лæвар киловаттæ, инновацион сфæлдыстады къабазы проекттæ аразын æмæ эксперименттæ кæнын. Уæллаг Фыййагдоны скъолайæн балæвар кодтой хуры тыхæй кусæг электростанцæ. Ацы хъуыддаг æххæстгонд æрцыд ахуырадон проект «Экошкола»-мæ гæсгæ. Сывæллæттæн фæзынд парахат гæнæнтæ фидæны дæсныйæдтимæ базонгæ уæвынæн. Бæлвырддæр хабæрттæ нæ дарддæры æрмæджы.

Хуры дæлвæз райдайдзæн сыгъдæг энерги кусын. Бынæттон скъолайы сæвæрдтой хуры электрон станцæ. Быгъуылты Хъантемыр у æвзонг техник. Хуры энерги электронмæ рацаразыны зын системæимæ базонгæ ис æрæджы. Фæлæ ныр сфæнд кодта ацы темæ бындуронæй раиртасын.

2 боны дæргъы сывæллæттæн сарæзтой ахуыртæ. Базыдтой, хуры сыгъдæг энерги куыд кусы, стæй ахæм технологийæн цавæр хицæндзинæдтæ ис, уый. Радзырдтой сын, энергетикæйы къабазы дæсныйæдты тыххæй дæр. Скъоладзаутæ проектон циклы æппæт этаптæ баххæст кодтой – станцæйы арæзтадæй йæ эксплуатацийы онг. Ацы процесс дзуапп дæтты стыр энергообъекттæ аразыны æппæт къæпхæнтæн.

Станцæ æвæрд æрцыд ахуырадон проект «Экошкола»-мæ гæсгæ. Арæзтады фæстæ сывæллæттæн райдайдзæн ахуырадон программæ. Хауынц æм дистанцион уроктæ нырыккон технологиты райрæзты тыххæй. Хуры ацы батарея республикæйы у фыццаг. Йæ сæйраг нысан у, цæмæй ахуырдзаутæ сæхæдæг инновацион сфæлдыстады къабазы фæлтæрæнтæ кæной. Фæлæ электрон тых æнæхъæлæджы куы ахуысса, уæд дзы уыдзæн куыд энергийы резервон гуырæн, афтæ спайда кæнын.

Ахæм «экоскъолатæ» фæзынд Цæгат Кавказы федералон зылды цалдæр регионы. Проекты разамонджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сывæллæтты хъæуы активонæй зонгæ кæнын сыгъдæг энергийы куыстимæ.

Цæгат Ирыстоны ма каст цæуы эко ГЭС-ты технологиты райрæзты проектмæ. Уыдон сты чысыл гидроэлектростанцæтæ. Фæнд сæ кæнынц Фыййагдоны цæугæдоныл сæвæрын.

Проект райста республикæйы Хицауады æмæ сæрмагондæй цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрады æххуыс. Царды рауадзын æй фæнд кæнынц 2025-æм азмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania