филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:05 пятница, 03 мая 2024
18 мая 2022, 10:20
Уæллаг Ларсы сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц 1200 уæзласæн машинæйы

Зындзинæдтæ нæ хынцгæйæ, ирыстойнаг таможня архайы уавæр сраст кæныныл

Уæллаг Ларсы сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц 1200 уæзласæн машинæйы. Транспорт лæууы сыхаг республикæты дæр. Уый, Кæсæг-Балхъары æмæ Мæхъæлы республикæйы. Зындзинæдтæ нæ хынцгæйæ, ирыстойнаг таможня архайы уавæр сраст кæныныл. Афтæ, æндæр регионтæй командировкæтæ кæнынц бæрнон кусджытæ, гæххæттытыл дзы куыст цæуы æнæрлæугæйæ.  Цæстдарæн-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс» кусы, суткæмæ цас æмбæлы, уымæй бирæ фылдæр. Дыууæ рдæм дæр суткæмæ 170 уæзласæн машинæйы фылдæр хъуамæ ма цæуа. Фæлæ, зæгъæм, ивгъуыд суткæмæ уæрæсейаг-гуырдзиаг арæнты сæрты ахызтис 400 уæзласæн машинæйы. Фæлæ, сæ нымæц къаддæр нæ кæны. Бирæ транспортон компаниты бахъуыди сæ логистикон маршруттæ аивын.

Цæстдарæн-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы рацарæзт райдыдта ивгъуыд азы. Уыцы ногдзинæдтæ баххуыс уыдзысты, сæ куысты гæнæнтæ 10 хатты фæуæрæхдæр кæнынæн. Ома, машинæтæ арæнты сæрты уаддзысты уал хатты фылдæр. Бæлвырддæр та – суткæмæ 2 мины 5 сæдæ машинæйы. Ныртæккæ дзы ис альтернативон маршруттæ. Машинæты рад нæй Дагестаны уадзæн пункты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania