31 августа 2023, 13:38
Уæрæсейы фæлхасадмæ цæсдтарды цæгатирыстойнаг управленийы специалисттæ æмæ санитарон иртæстыты лаборатори дарддæр бæрæг кæнынц уæлдæфы уавæр
Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уæлдæфы зианхæссæг буаргъæдты бæрц дзуапп дæтты æмбæлгæ домæнтæн
Уæрæсейы фæлхасадмæ цæсдтарды цæгатирыстойнаг управленийы специалисттæ æмæ санитарон иртæстыты лаборатори дарддæр бæрæг кæнынц уæлдæфы уавæр. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уæлдæфы зианхæссæг буаргъæдты бæрц дзуапп дæтты æмбæлгæ домæнтæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — æндæрæбон Дзæуджыхъæу æрæмбæрзта фæздæг. Уæззау уæлдæфыл хъаст кодтой районты цæрджытæ дæр. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй Цæгат Ирыстоны территорийы зынгсирвæзтытæ нæ рабæрæг, нæ сæ ссардта космосон цæстдарды системæ дæр. Специалисттæ сбæрæг кодтой бырондæттæ, фæлæ дзы зынгсирвæзтытæ нæ разынд.