филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:28 понедельник, 06 мая 2024
12 августа 2021, 11:02
Уæрæсейы цæуы фыццаг хъæууонхæдзарадон чысыл æрфыст

Процедурæ апарахат уыдзæн æппæт фермæтыл, стæй бирæ хи хæдзарæдтыл

Уæрæсейы цæуы фыццаг хъæууонхæдзарадон чысыл æрфыст. Процедурæ апарахат уыдзæн æппæт фермæтыл, стæй бирæ хи хæдзарæдтыл. Æрфыст саразджытæ рагагъоммæ ацыдысты ахуыртæ. Территориты арæнтæ бæрæг кæнынц æрмæст хъæуты. Фермæты æмæ хъæууонхæдзарадон организациты хицæуттæн сæ бон у анкетæ баххæст кæнын, æмæ йæ электрон хуызы арвитын.

Зæххы хайыл цавæр бæлæстæ зайынц, æмæ дзы цавæр хæдзарон фос ис, уый феныны фадат æрфыст аразджытæн ис, æрмæстдæр хицæутты барлæвæрдæй. Гæххæттытæ æвдисын нæ хъæуы. Алцыдæр фыст цæуы хицæутты ныхæстæй.

Хъæууонхæдзарадон æмæ фермерон хæдзарæттæ сæ бæрæггæнæнтæ ратдзысты хуымæтæг хуызы дæр. Чысыл æрфыст хъæуы ахадгæ паддзахадон æххуысæн æмæ хъæууон хæдзарады къабазы рæзтæн. Æрфысты фæстæ, чи зоны, æмæ хуыздæртæн дæтдзысты гранттæ, кæнæ уæлæмхасæн фæрæзтæ.

Челæхсаты Нанæйæн ис стыр бинонтæ – цæрдæмбал æмæ 3 сывæллоны. Фæлæ йæ зæххы хайыл фылдæр кусы йæхæдæг. 31 сотыхы фæллойы йын баххуыс кæны йæ кæстæр фырт Тимур. Бинонтæ сæ фæзуатыл æрзайын кæнынц дыргътæ æмæ халсартæ. Цæмæй зайæгойтæм зилай æмæ хъæздыг тыллæг исай, уый тыххæй сæ бахъæуы райсомы 5 сахатыл сыстын, æмæ изæрдалынгтæм фæллой кæнын. Сылгоймаг зæгъы – тынг æй фæндид паддзахадæй æххуыс райсын, цæмæй цы рзайын кæны, уый уæй кæна, уый тыххæй.

Хъæууонхæдзарадон æрфыст цæудзæн августы кæронмæ. Цæмæй æнцондæр уа, уый тыххæй арæхдæр æрфыст аразджытæ вæййынц бынæттон цæрджытæ. Фæлæ дæм кæд æнæзонгæ адæймаг æрбацæуа, уæд стыр æргом аздахын хъæудзæн йæ уæлæдарæсмæ, стæй йæм хъуамæ уа сæрмагонд æвдисæндар, зæгъынц Уæрæсейы статистикæйы регионалон хайады.

Æппæтуæрæсеон хъæууонхæдзарадон æрфыст арæзт фæцæуы алы 10 азы, чысыл æрфыст та фæзынд æрмæстдæр ацы аз. Специалисттæ зæгъынц – ахæм  куыст фадат дæтты уавæр хуыздæр бамбарынæн, уымæн æмæ 10 азмæ хъуыддагæн ис цæхгæр аивæн, уæлдайдæр та хъæууон хæдзарады къабазы. Æмæ кæд чысыл æрфыстыл нымад у, уæддæр классикон схемæйæ зынгæ нæ хицæн кæны. Цæгат Ирыстоны чысыл æрфысты архайынц 160 специалисты. Иу мæймæ æрфысджытæ хъуамæ бабæрæг кæной 500 объекты онг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania