филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:16 среда, 01 мая 2024
09 апреля 2024, 11:50
Вице-премьер Атарты Георгий сбæлвырд кодта, Дзæуджыхъæуы бындурон цалцæг цы скъолаты райдыдта, уыдон

Йæ балц райдыдта 21-æм скъолайæ

Вице-премьер, арæзтады æмæ архитектурæйы министр Атарты Георгий сбæлвырд кодта, Дзæуджыхъæуы бындурон цалцæг цы скъолаты райдыдта, уыдон. Йæ балц райдыдта 21-æм скъолайæ. Уым куыстытæ сæ тæмæны сты. Æххæстæй систой электрон тыхдæттæг телтæ, цартæ. Цалцæг уал кæнынц бæстыхайы галиу хайы. Гастеллойы уынджы скъола-интернаты куыстытæ цæуынц кæстæр къорды блокы æмæ спортивон залы. Æххæстгонд цæуынц нысангонд фæткæй раздæр. Вице-премьер федта алы агъуыст дæр. Аразджытæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта, ахсджиаг кæй у, æрмæст æмгъуыдмæ цæст дарын нæ, сæрмагонд æргом аздахын хъæуы куыстыты хæрзхъæддзинадмæ. 43-æм скъолайы дæр куыстытæ фæткмæ гæсгæ цæуынц. Фæлæ Атарты Георгий загъта, кусджытæ фаг кæй нæй, æмæ кæй хъæуы фылдæр адæм. Бындурон цалцæг пъланмæ гæсгæ цæуы Хъесаты Астаны уынджы 40-æм скъолайы дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania