филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:52 суббота, 18 мая 2024
25 мая 2023, 11:39
Волгограды кæронмæ æрхæццæ сты Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон Академион театры гастрольтæ

Ирыстойнаг артисттæ равдыстой æртæ спектаклы – Шекспиры трагеди «Паддзах Лир», Островскийы «Æфтиагджын бынат» æмæ Хетæгкаты Къостайы «Фатимæ»

Волгограды кæронмæ æрхæццæ сты Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон Академион театры гастрольтæ. Ног эксперименталон театры сценæйы ирыстойнаг артисттæ равдыстой æртæ спектаклы – Шекспиры трагеди «Паддзах Лир», Островскийы «Æфтиагджын бынат» æмæ Хетæгкаты Къостайы «Фатимæ». Чысыл театрдзаутæн та равдыстой аргъау «Бременаг музыканттæ».  «Паддзах Лир»-ыл Волгограды аивадуарзджытæ сæмбæлдысты тыхджын къухæмæдзæгъдимæ. Уæдæ нæ артисттæ дæр разыйæ баззадысты ахæм уазæгуарзаг театрдзуатæй. Арæзт сын æрцыд экскурси зындгонд Мамаев Курганмæ. Сентябры та Волгограды Ног эксперименталон театры труппæ  уазæгуаты ссæудзæн Цæгат Ирыстонмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania