филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:16 понедельник, 13 мая 2024
30 августа 2023, 14:01
Волонтертæ сæ тыхтæ баиу кодтой, æмæ иумæйагæй æххуыс кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн

Цæттæ кæнынц хус хъæрмхуыппытæ, хуыйынц æмæ быйынц

Волонтертæ сæ тыхтæ баиу кодтой, æмæ иумæйагæй æххуыс кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн. Цæттæ кæнынц хус хъæрмхуыппытæ, хуыйынц æмæ быйынц. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар та аразы сæрмагонд цырæгътæ. Уымæй дарддæр ма æфсæддонтæн арвиты мыд. Уыцы æрвыстæгтæм фронты тынг æнхъæлмæ фæкæсынц. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Хъарм салам фæсфронтæй мыдадзын цырагъы хуызы. Хæринаг скæнын, уæлæдарæс бахус кæнын, блиндаж схъарм кæнын. Уый алцыдæр ахæм хуымæтæг фæрæзы фæрцы.

Мыдадзын цырæгъты, ныр та ма акъопты кæмæй пайда кæнынц, уыдоны тыххæй дæр, волонтер Диля Бадретдинова алцыдæр зоны. Чызджы бинонтæ кæнынц мыддарыны куыст. Мыд сисыны фæстæ-иу цы мыдадз баззад, уымæй-иу цæттæ кодтой декоративон цырæгътæ. Ацы æрмдæсныйадæн Диля 18 азы снывонд кодта, фæлæ фарон сфæлдыстадон хоббийæ стырдæр хъуыддаг рауад.

Ахæм мыдадзын цырæгътæ хæстонтæ фонарьтæ хонынц, фæлæ æрмæст рухс нæ дæттынц. Сæ фæрцы ис схъарм кæнын хæринаг, дон, æмæ суанг уæлæдарæс бахус кæнын. Сæ цæттæ кæныны технологиимæ чызг базонгæ бархион телеграм-каналты. Бафтыдта ма йыл йæхи зонындзинæдтæ. Æмæ ныр æнæххæст афæдзмæ мин цырагъæй фылдæр æрвыст æрцыд фронтмæ.

Йæ цырæгътæ фылдæр судзынц, дæттынц фылдæр хъарм. Æмæ дзы йæ уды хъарм кæй бавæры, æрмæст уый тыххæй нæ. Куыд алы хъуыддаджы, афтæ ам дæр ис сусæгдзинæдтæ.

Мыдадзæй дзаг кæныны температурæ цас ныллæгдæр уа, уыйбæрц цырагъ фылдæр суддзæн. Ахсджиаг у, картоны æмæ парафины хæрзхъæддзинад дæр. Ацы æрмæджытæ æмбырд кæнынц иумæйагæй. Фитильтæн æртæцъарон картон дæтты сыхаг дукани, æфсæн банкæтæ æрбахæссынц хæлæрттæ, зонгæтæ æмæ социалон хызтæй бафысджытæ, парафин æлхæнынц волонтертæ. Уыцы æрмæг бирæ хъæуы.

Цырæгътæ дæттынц дæлхайæдтæн комкоммæ, сæ курдиатмæ гæсгæ. Бахæццæ кæнын сæ æххуыс кæны волонтерты организаци «Шьем и вяжем. С любовью из Осетии».

Хæрзад æмæ сæйрагдæр та æрдзон. Диля Бадретдинова цырæгътимæ фронтмæ æрвиты хи бындздарæнтæй мыд дæр. Архайы, микроэлементтæй хъæздыг хуызтæ æвзарыныл. Продукт тухыны хъуыддаг дæр лæмбынæгæй æххæст кæны. Вареннæимæ чысыл банкæтæ дæр салдæттæ бирæ бауарзтой. Эксперименталон парти – 10 банкæйы – уайтагъд фæцис. Хæстонтæ ма ракуырдтой ноджыдæр. Æмæ сын «нæ» куыд зæгъдзынæ, дзуры чызг.

Фыццаг уазæлттæм цæттæ кæны радон æххуыс волонтертæй фронтæн. Мыд, вареннæ, æмæ, æнæмæнг, цырæгътæ. Сæдæгай салдæтты блиндажты схъарм кæндзæн сæ рухс. Уый сын радзурдзæн, сæхимæ сыл кæй аудынц æмæ сæм кæй æнхъæлмæ кæсынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania