филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:53 суббота, 04 мая 2024
01 июня 2022, 12:40
Юрий Чайка «Ныййарæджы Намыс»-ы орден радта Къадзаты бинонтæн

Бæрнон кусæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй бирæсывæллонджын бинонтæ сты Цæгат Кавказы тых æмæ сæрыстырдзинад

Сыæллæтты хъахъхъæныны боны агъоммæ УФ-йы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка «Ныййарæджы Намыс»-ы орден радта Къадзаты бинонтæн. Бæрнон кусæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй бирæсывæллонджын бинонтæ сты Цæгат Кавказы тых æмæ сæрыстырдзинад. Ахæм дæнцæгтæ регионы кæдфæндыдæр уыдысты фидар бинонты æвдисæндар, фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæй дæттынц, ахæм хъæздыг удварны хæзнатимæ. Ныййарджыты уарзондзинад æмæ узæлд сывæллонæн æххуыс сты царды аккаг бынат бацахсынмæ, æмæ нæ фидар бæстæйæн аккаг гражданин суæвынæн. Къадзаты бинонты схорзæхджын кæныны уынаффæ царды рацыд 20-æм майы.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania