филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:21 суббота, 27 апреля 2024
27 марта 2024, 12:03
Заводскойы поселочы зæххы хæйттæй иуы алыварс сæвзæрд быцæу

Полтавскийы уынджы территорийæ поселочы цæрджытæ пайда кодтой, куыд машинæйыл цæуæн фæндагæй

Заводскойы поселочы зæххы хæйттæй иуы алыварс сæвзæрд быцæу. Полтавскийы уынджы территорийæ поселочы цæрджытæ пайда кодтой, куыд машинæйыл цæуæн фæндагæй. Афтæмæй сæ фæндаг цыбырдæр кодтой. Ныр уыцы зæхх балхæдтой, райдыдтой дзы бæстыхай аразын. Заводскойы цæрджыты хай ахæм уавæрæй тыхсынц. Бæрнон куыстуæттæй курынц фарстайыл бакусын. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Заводскойы цы арæзтад райдыдта, уый мæты бафтыдта Полтавскийы уынджы цæрджыты. Трассæйы раз амалхъом адæймаг райдыдта бæстыхай аразын. Уыимæ бынæттон адæм разы не сты.

Федералон трассæйæ ацы уынгмæ уыд дыууæ бацæуæны. Уыдонæй иуыл хъуамæ ныр фæзына ног бæстыхай. Дыккаг бацæуæныл амалхъом адæймаг асфальт сæвæрдта, фæлæ адæм хъаст кæнынц – уый зынвадат у, цæхгæр цæуы уæлæмæ. Трассæмæ хизгæйæ, цы машинæтæ цæуынц, уыдон нæ зынынц, æмæ уый тыххæй сæвзæрынц тæссаг уавæртæ.

Поселочы администрацийы куыд радзырдтой, афтæмæй фарон ноябры амалхъом адæймаг аукционы балхæдта зæхх, æппæт хъæугæ гæххæттытæ скодта, Дзæуджыхъæуы администрацийы райста арæзтадæн бар.

Джиголаты Батраз куыд радзырдта, афтæмæй Полтавскийы уынгмæ бацæуæнтæ, куыд фæндæгтæ, афтæ никуы нысангонд сты. Документтæм гæсгæ сты зæххы хæйттæ. Уымæй уæлдай ма, закъоны домæнтæм гæсгæ, федералон трассæмæ ахæм фæндæгтыл рацæуыны бар нæй.

Афтæмæй, Джиголаты Батразы ныхæстæм гæсгæ, арæзтад æххæстгонд цæуы закъонмæ гæсгæ. Фæлæ, адæм разы не сты. Ис ахæм хъуыды, куыд юридикон коллизи. Уый у, уыцы иу барадон ахастдзинæдтæн уаг чи дæтты, ахæм нормативон актты *хсæн ныхмæлæуд. Гæнæн ис, æмæ ацы цауы та коллизи сæвзæрд адæмы хсæн. 2 фарсы дæр ма бафхæргæйæ, хъуыддаг алыг кæнын куыд ис? Ацы фарста нырма гом у.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania