филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:25 суббота, 11 мая 2024
01 сентября 2023, 11:10
Зруджы ныртæккæ сæ тæмæны бацыдысты рагон аргъуан цалцæггæнæн куыстытæ

Бæстыхай арæзт æрцыд 11 – 12-æм æнусты

Зруджы ныртæккæ сæ тæмæны бацыдысты рагон аргъуан цалцæггæнæн куыстытæ. Бæстыхай арæзт æрцыд 11 – 12-æм æнусты. Ныридæгæн аразджытæ сног кодтой дыууæ къулы. Уый размæ ныккалдысты цæугæдоны аххосæй. Уæвгæ аргъуанæн ис йæхи цымыдисаг архитектурæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ размæ ис бæлвырд хæс æвæрд – куыд гæнæн ис, афтæ бæстыхайы рагон хуыз бахъахъхъæнын. Ацы бонты аргъуаны арæзт æрцыд Хуыцауы номыл фыццаг литургийæ, цалцæггæнæн куыстытæ куы райдыдтой, уæдæй нырмæ.

Мадымайрæмы аргъуан йæ фыццагон хуызмæ æрцæуы. 28-æм августы ам бирæ азты фæстæ арæзт æрцыд литургия. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасимы ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейаг Империйы дугæй у фыццаг аргъуыд. Республикæйы алы бынæттæй адæм æрæмбырд сты аргъуаны, цæмæй Мадымайрæмы бæрæгбоны скувой. Службæ уыд ирон æвзагыл.

Зруджы аргъуаны арæзтад алыхуызон бæрæггæнæнтæм гæсгæ хауы 11-æм-12-æм æнустæм. Археологтæ комы ссардтой араббаг æмæ римаг згъæр æхцатæ. Гæнæн ис, æмæ ауылты цыд стыр базарадон фæндаг. Уымæ гæсгæ ам арæзт æрцыд Цæгат Кавказы æппæтæй хохбæрзонддæр аргъуантæй иу. Ацы бынаты баиу сты алы адæмты культурæтæ. Фæлæ Ирыстоны Мадымайрæмы фæлгонцæн сæрмагонд нысаниуæг ис.

Бæстыхай у залон аргъуаны хуызы конд. Ома, йæ бæрзæнд, дæргъ æмæ фæтæн сты иухуызон. Ахæм архитектурæ у Кавказы æмæ Фæскавказы бæстæты миниуæг, рагон чырыстон замантæй райдайгæйæ. Зруджы аргъуаны ма хъахъхъæд æрцыд, хъæлæс тыхджындæр чи кæны, ахæм фæрæзы хай. Рагон архитектортæ уыцы нысанимæ бæстыхайы къулты æвæрдтой æлыгæй хъуыраутæ. Аргъуаныл кæд мин азы бæрц цæуы, уæддæр абоны онг дзæвгар элементтæ хъахъхъæд æрцыд.

10 азы размæ дæр ма къултыл фыстытæ уыд бæлвырд фенæн. Фæлæ æрдзон уавæрты тыххæй, æмæ бæстыхай æмбæрзт кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ мит æмæ къæвдаты фæстæ баззад æрмæст контуртæ. Фрескæтыл æвдыст цыд Мадымайрæмы æмæ сыгъдæг Елисаветæйы фембæлд æмæ Сыгъдæг Фысты æндæр сюжеттæ. Æмæ кæд бирæ нал сты, уæддæр сын ис стыр историон нысаниуæг.

Денджызы æмвæзадæй 2 мин метрæй фылдæр бæрзæндыл, ныр 3 азы фæллой кæнынц кусджытæ. Сфидар кодтой цæугæдоны былгæрæттæ, сæвæрдтой бындуры цæджындзтæ æмæ байдзаг кодтой плита. Сног кодтой, дон кæй ахаста, уыцы къултæ. Ацы аз ма фæнд кæнынц бæстыхайы сæр сæвæрын. Прораб Хуыбылты Дмитрий куыд зæгъы, афтæмæй алы куыст дæр лæмбынæг æххæст кæнынц. Ахсджиаг у алы лыстæг хай дæр бахъахъхъæнын.

Арæзтады рæстæг кусджытæ, аргъуаны раз цæугæдоны ссардтой, византийаг дзуары нывимæ дур. Гæнæн ис, æмæ уый уыд бæстыхайы разуынды элемент. Республикæйы национ музейы ма ис аргъуаны алтары быруйы 20 хайы. Уыдон уым фæзындысты ивгъуыд æнусы 70-æм æмæ 90-æм азты хсæн. Чи зоны, аргъуаны рацарæзты фæстæ та сæ фыццагон бынат бацахсой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania