Уый тыххæй Дзæуджыхъæуы 5-æм гимназы ахуырдзаутæн фехъуысын кодтой æнæнхъæлæджы уавæрты министрады зынгхуыссынгæнджытæ
Зынгсирвæзты рæстæг æппæты сæйраг дæр у сабыр уæвын. Уый тыххæй Дзæуджыхъæуы 5-æм гимназы ахуырдзаутæн фехъуысын кодтой æнæнхъæлæджы уавæрты министрады зынгхуыссынгæнджытæ. Уимæ ма сын равдыстой зынсирвæзты ныхмæ куыд тох кæнын хъæуы. Æрхъуыды таурæгъмæ гæсгæ арт ссыгъд скъолайы фыццæгæм уæладзыджы. Зынгхуыссынгæнджыты æрбацыдмæ скъоладзауты æддæмæ ракодтой ахуыргæнджытæ æмæ административон кусджытæ. Æрæмбырд сæ кодтой кæрты æмæ сын радзырдтой æдасдзинады мадзæлтты тыххæй. Гимназы директоры ныхæстæм гæсгæ сывæллæттæ хъуамæ зоной, бахъуаджы сахат сæ куыд архайын хъæуы уый. Ахсджиаг хъуыддаг у хистæркъласонтæн бамбарын кæнын райдиан кълæсты ахуырдзаутæн æххуыс кæнын кæй хъæуы. Ахæм хуызы ахуыртæ æнæнхъæлæджы министрады куысджытимæ ам аразынц афæдз 2 хатты. Ахæм фæткмæ гæсгæ скъола кусы бирæ азты дæргъы.




