Стыр футболы ирддæр мысинæгтæ. Абон футболуарзджытæ бæрæг кæнынц, 25 азы размæ Дзæуджыхъæуы цы турнир арæзт æрцыд, уый. «Кубок Президента» хаст æрцыд Цæгат Ирыстоны спортивон историмæ. Уæд нæ республикæмæ ссыдысты Европæйы тыхджындæр командæтæ. Испайнаг «Овьедо», Португалийы «Боавишта» , Италийы «Дженоа». Кæд фембæлдтытæ æмбаладон уыдысты, уæддæр-иу стадионы уæгъд бынæттæ нæ уыд. Дзæуджыхъæуы «Спартак» фембæлд «Овьедо»-имæ, æмæ уыцы […]
Æрдæгфиналы Стъараполы командæ «Кожаный мяч» фæуæлахиз «Спартак-Алани»-йыл.
Абон сбæрæг уыдзысты Дзæгъойты Аланы приз рамбулыны турниры уæлахиздзаутæ. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, Стъараполы крайы, Махачкалайы, Налцыччы æмæ Санкт-Петербурджы минæвæрттæ ерыс кæнынц спортивон скъола «Юность»-ы фæзы. Фыццаг æмæ дыккаг бынæттæ чи райса, уыцы командæтæ ма путевкæтæ райсдзысты сывæллæтты футболон лигæйы æппæтуæрæсеон турниры финалон хаймæ дæр.