филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:18 пятница, 26 апреля 2024
13 июня 2019, 17:15
Абон фæлладуадзджыты фыццаг фæлтæр суазæг кодта Куырттаты комы лагерь «Металлург»

150 лæппу æмæ чызджы республикæйы алы рæттæй 18 боны фæуыдзысты æрдзы рæсугъддæр бынаты.

Абон фæлладуадзджыты фыццаг фæлтæр суазæг кодта Куырттаты комы лагерь «Металлург». 150 лæппу æмæ чызджы республикæйы алы рæттæй 18 боны фæуыдзысты æрдзы рæсугъддæр бынаты. Кæд лагеры мобилон бастдзинад нæй, уæддæр ныййарджытæ нæ тыхсынц сæ сывæллæтты æдасдзинадыл. Сывæллæттæм æдзухдæр уыдзæнис цæстдард. Уымæй уæлдай фæлладуадзæн программæ у хъæздыг æмæ цымыдисаг.

Алы сывæллоны дæр балцы размæ æнæмæнг фенынц дохтыртæ. Ацы сабитæ араст уыдзысты лагерь Металлургмæ. Куыстуаты директор куыд зæгъы, афтæмæй сæм ис цæстуарзонæй бахæлæг кæнын. Электроцинчы завод куы сæхгæдтой, уæд уæвæн уыдис æмæ лагерь дæр йæ дуæрттæ сæхгæна афæдз, науæд та фылдæр рæстæгмæ.

Балцы размæ сывæллæттимæ фембæлд Таймазты Артур æмæ сын раарфæ кодта, сæ фæлладуадзыны рæстæг кæй райдыдта, уый фæдыл.

Ацы къорды ис сæдæ фæндзай сывæллоны республикæйы алы рæттæй. Бирæтæ ма уый размæ сæ фæллад уагътой Металлурджы. Тотойты Хъазыбег дæр уыдоны хсæн ис. Тынг æнувыд у, лагеры кæимæ базонгæ ис, уыцы хæлæрттыл. Металлурджы йæ фæллад уадзы æртындæсæм хатт.

Сæ балцы бынатыл куы сæмбæлынц, уæд æппæты фыццаг саразынц æмбырд. Æрдзурынц дзы, хи куыд дарын хъæуы, уый тыххæй. Лагеры æнæуаг митæн бынат нæй.

Кæд лагеры мобилон бастдзинад нæй, уæддæр ныййарджытæ нæ тыхсынц сæ сывæллæтты æдасдзинадыл. Рагагъоммæ сын бамбарын кодтой, æнæнхъæлæджы цаутæй хызт кæй сты, уый. Сывæллæттæм æдзухдæр ис цæстдард. Уымæй уæлдай фæлладуадзæн программæ у хъæздыг æмæ цымыдисаг. Ис дзы культурон, спортивон æмæ ахуырадон мадзæлттæ. Фæлæ уыдон райдайдзысты райсом. Абон та уал зонгæ кæнынц сæ ног бынатимæ

Сывæллæттæ ам арвитдзысты æстдæс боны. Сæхи ирхæфсдзысты, ахуыр кæндзысты, ног хæлæрттæ скæндзысты. Æдæппæтæй ацы сæрд Металлурджы сæ фæллад суаддзысты авдсæдæ сывæллоны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania