филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:02 пятница, 26 апреля 2024
08 июля 2020, 17:39
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц бинонты, уарзондзинады æмæ иузæрдиондзинады бон

аст у сыгъдæг Петр æмæ Февронияйы номимæ

Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц бинонты, уарзондзинады æмæ иузæрдиондзинады бон. Баст у сыгъдæг Петр æмæ Февронияйы номимæ. Уыдон рагзаманты нымад уыдысты бинонтыл аудæг къайыл. Уæвгæ, фидар бинонтæ сты цыфæнды æхсæнады бындур. Уæлдайдæр та кæрæдзийæн аргъ æмæ кад куы кæной, кæстæрты раст фæндагыл куы вæрой, стæй сæм национ æмæ культурон æгъдæуттæ куы хæццæ кæной, уæд. Гаглойты Светланæ бацархайдта иу ахæм зæрдæмæдзæугæ бинонтимæ базонгæ уæвыныл, æмæ йын ныхасы бар. 

Амонд, дам, зæрватыччы æнгæс у, фæзæгъынц! Уæларвæй зæххмæ фæлгæсгæйæ, адæмы хсæн хуыздæрты æвзаргæйæ, хуры тынты йæхи фæнайы. Стæй уæд, æвиппайды, дзыллæйы хсæн æвзаргæ адæмæн йæ хорзæх ракæны, кæрæдзимæ сын фæндаг бацамоны. Дыууæ уды иумæйаг скæны. Уыцы алæмæты хорзæх афойнадыл  рахатын, аргъ ый скæнын, хъыгагæн, алкæйы къухы не фты, фæлæ йæ чи бамбары, уымæн свæййы йæ царды ахсджиагдæр хæзна. Амонды алæмæтджын хорзæхæй фæхайджын сты 70 азы размæ Беджызты Æхсар æмæ Ольга Фолина дæр. Царды хуымæтæджы ницы æрцæуы, афтæ ацы дыууæ уды дæр Хуыцау а дунемæ хуымæтæджы уыцы-иу мæй нæ райгуырын кодта. Сусæны мæйы фыццаг бон 95 азы сæххæст Æхсарыл ацы мæйы 10 бон та бинонтæн у дывæр бæрæгбон. Ольгæйы гуырæнбон æмæ сæ баиудзинабы 70 азы бæрæгбон.

Æвæдза хъысмæты фæлварæнтæ цы æнахуыр вæййынц! Фыццаг адæймаджы удхъомысæй быхсондзинадæй бафæлвары, стæй йын уæд хæрзиуæг ракæны. Æхсар-æрыгон лæппу уæвгæйæ, цардвæндаг æвзаргæйæ, æдзæстуарон адæмы фыддзыхты тыххæй райгуырæн хъæубæстæй дард Сыбырмæ æрвыст æрцыд.

Æцæгæлон адæмы хсæн йæ уды тых нæ асаст, йæхимæ нæ ныхъхъуыста, фæлæ дзы амондахстон сбыдта. Йæ къайаг- Ольгæйæн дæр йæ хъысмæт хуымæтæг нæ уыд. Райгуырд Сыбыры тайгайы хсæн.

Ольгæйы фыд уыд Фыдыбæстæйы стыр хæсты хъæбатыр. Хæсты фæстæ фæлладæй, уæззау цæфты фæстиуджытимæ йæ къонайыл сæмбæлд, фæлæ афæдзы фæстæ цардæй ахицæн. Кæд бирæ рæстæг нæ фæци йæ бинонтимæ, уæддæр йæ хъæбулты хистæры ахсджиагдæр фæнд сæххæст кодта. Радта йын сахуыр кæнынæн фадат.

Уыцы хæстон дыууæсæдæ сомы Ольгæйæн канд сахуыр уæвыны  фæрæз нæ разындысты. Сæ бæркад бирæ уæрæхдæр разынд. Ольгæ дæр Æхсары хуызæн райста геологы дæсныйад уый та фæстæдæр  хъысмæт цæхгæр æрзылдта. Ацы æнахуыры рæсугъд бинонты хсæн уæвгæйæ, мæм æнахуыр æнкъарæнтæ æвзæрд. Диссаг, арæх æмраст фæндагыл цæугæйæ дæр, адæймаг йæхимæ ныхъхъусы. Æнæбары чысыл къуысцыйыл фембæлгæйæ дæр, бинонтæ иу æвзаг нæ аргæйæ, кæрæдзийæ куыд арæх атигъ вæййынц. Ацы дыууæ уды та, царды гуыргъахъхъ фæндагыл рацæугæуæ, кæрæдзийæн цымæ æнцойы хос уыдысты.

Зындзинæдтыл æмбæлгæйæ кæрæдзимæ æнгомæй-æнгомдæр кодтой. Абон Æхсар æмæ Ольгæйæн ис дыууæ чызджы. Уыдон дæр царды сæхи ссардтой, райстой уæлдæр ахуырад. Буц дары йæ куырыхон баба æмæ нанайы сæ иунæнг хъæбулы хъæбул дæр. Æхсар уымæн абон дæр ма бирæ уавæрты дæнцæг у. Райдай хуымæтæг хæдзарон куыстытæй æмæ суанг егъау физикон фæлварæнты онг. Тæхудиаг Беджызтæ! Хуыцауы арфæ уæ уæд! Уæ бинонты фарн æмæ æгъдау æнусон уæд!

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania