13 июня 2019, 12:00
Æддагон финансон цæстдарды рæзтыл ныхас цыд республикæйы цæстдарæн-нымайæн оргæнты Советы æмбырды
Куыд дзы загътой, афтæмæй фæрæзтæм бындурон цæстдард цæуы федералон, республикон æмæ муниципалон æмвæзадыл.
Æддагон финансон цæстдарды рæзтыл ныхас цыд республикæйы цæстдарæн-нымайæн оргæнты Советы æмбырды. Куыд дзы загътой, афтæмæй фæрæзтæм бындурон цæстдард цæуы федералон, республикон æмæ муниципалон æмвæзадыл. Фæлæ хъæуты ныры онг куыст æмбæлгæ уагыл æвæрд нæу. Статистикæмæ гæсгæ алы æмвæзадыл куыст цæуы Алагиры, Æрыдоны, Дыгуры æмæ Æрæфы районты. Фæлæ йæм нæма бавнæлдтой Мæздæджы, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты. Бынæттон цæстдарæн-нымайæн оргæнты разамонджытæ уыцы хъуыддаджы фæдыл загътой сæ хъуыдытæ.