филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:43 суббота, 27 апреля 2024
15 июля 2021, 12:11
Æгъуызарты Мурат фембæлд Алагиры цæрджытимæ

Æппæтæй фылдæр фарстатæ сæм разынди зæххыты тыххæй

Республикæйы хицауады сæрдары фыццаг хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг Æгъуызарты Мурат фембæлд Алагиры цæрджытимæ. Æппæтæй фылдæр фарстатæ сæм разынди зæххыты тыххæй. Районы нæ фаг кæнынц фосы хизæнуæттæ. Ацы фæзуæттæ рæстæджы цыдимæ кæнынц къаддæр. Цыдæр амалæй бахауынц хицæн адæмы къухтæм, æмæ сæ æрæхгæнынц.

Иннæ фарста та у, фос æвæгæсæгæй кæм не мбæлы, ахæм бынæттæм кæй цæуынц, уый. Чъизи кæнынц цыртдзæвæнты, скверты территоритæ, стæй уынгтæ. Уымæй уæлдай тæссаг сты шофыртæн дæр. Бирæ адæм фембæлдмæ æрбацыдысты, кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны фарстаимæ. Æгъуызарты Муратмæ курдиатимæ æрбацыди районы администрацийы туризмы æмæ инвестицион политикæйы хайады хицау дæр. Тыхсын æй кæны Цъæйы поселочы статус. 2015-æм азæй фæстæмæ поселочы ном нал хæссы, æмæ дзы 10-гай азтæм æрымбырд ис инфрастурктурæимæ баст бирæ фарстатæ. Хъæуы æркæсинаг сты фæндæгтæ, хид, уынгты рухсы системæ, сыгъдæггæнæнтæ. Уымæй уæлдай, Цъæйы снывыл кæнын хъæуы æрдзон артаджы хъуыддаг, фидаргæнинаг сты Цъæйдоны былгæрæттæ.

Æгъуызарты Мураты ныхæстæм гæсгæ, Цъæй хауы туристон кластермæ, æмæ йын йæ райрæзтмæ хъæуы фæрæзтæ бахæссын, уыимæ алы рдыгæй. Зæрдæ бавæрдта, фарста республикæйы хицауады æмбырды боны фæткмæ кæй рахæсдзæн, уымæй. Цалдæр адæймаджы ма æрбацыдысты цементы заводы район саив кæныны тыххæй. Фæндæгты уавæр дзы у æвзæр, æмæ дзы нæй рухсытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania