филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:15 пятница, 26 апреля 2024
30 июня 2020, 17:05
Æрæфы районы æвзарæн пункттæ сты 16

Районы цæрджытæ хъæлæс кæнынмæ фæцæуынц райсомæй, цæмæй дарддæр сæ хæдзары куыстытæ кæной, уый тыххæй

Æвзарæн пункттæ кусынц республикæйы алы районты. Зæгъæм, Æрæфы районы сты 16. Районы цæрджытæ хъæлæс кæнынмæ  фæцæуынц райсомæй, цæмæй дарддæр сæ хæдзары куыстытæ кæной, уый тыххæй. Фылдæр адæмæн æнцондæр у хæдзары хъæлæс кæнын, уыдонмæ боны æртæ сахаты фæстæ  ацæуы сæрмагонд къорд.

Пунктты чи кусы, уыдон лæмбынæг кæсынц, цæмæй æдасдзинады санитарон домæнтæ æххæст цæуой, уымæ. Бацæуæны сбарынц адæймаджы тæвд, йæ къухтыл  бапырх кæнынц спъирт, æмæ йын раттынц маскæ. Районы дæрддзæф хъæуты та 21-æм июны сæ куыст фесты  6 пункты, сæ хъæлæс дзы радтой цæрджыты 50 проценты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania