филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 пятница, 26 апреля 2024
21 апреля 2021, 12:26
Æрыдоны районы активонæй куыст цæуы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты Намысы мемориалтæ цалцæг кæныныл

Сæ хæс у æрмæст цыртдзæвæнтæ сцалцæг кæнын нæ, фæлæ хъæбатырты хыгъдмæ ног нæмттæ бафтауын

Æрыдоны районы активонæй куыст цæуы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты Намысы мемориалтæ æмæ цыртдзæвæнтæ цалцæг кæныныл. Сæ хæс у æрмæст цыртдзæвæнтæ сцалцæг кæнын нæ, фæлæ хъæбатырты хыгъдмæ ног нæмттæ бафтауын. Реставрацион куыстытæ кæронмæ фесты Нартыхъæуы, Хъæдгæроны, Мичурины æмæ Æрыдоны астæу уаццагыл. Ныртæккæ та аив кæнынц Рассветы номарæн бынæттæ. Æдæппæтæй районы сæнусон кодтой мин æмæ 5 сæдæ хъæбатыры нæмттæ. Номхыгъдмæ ма бахæссын хъæуы ноджыдæр мин хъæбатыры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania