филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:02 суббота, 27 апреля 2024
06 декабря 2019, 15:05
Ахуырадон центр «Интеллект»-ы цур снывыл кодтой фæндаджы сæрты хизæн

Раздæр дзы Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ сбæрæг кодтой къорд рæдыды

Ахуырадон центр «Интеллект»-ы цур снывыл кодтой фæндаджы сæрты хизæн.

Раздæр дзы Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ сбæрæг кодтой къорд рæдыды. Сæ уайдзæфтæ бахынцтой æмæ сæ сраст кодтой. Ныр фистæгæйцæуджытæн фæндаджы сæрты æнцондæр у ахизын. Сæвæрæдтой æппæт нысантæ, фæндаг æрцыд хæххытæ, сцалцæг кодтой уынджы цырæгътæ дæр. Стæй ма æхсæнадон минæвæрттæ скъоладзаутæн радзырдтой, уæлæдарæсыл рухсæздахæн нысанты тыххæй. Сæ фæрцы талынджы адæймаг хуыздæр зыны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania