филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:39 пятница, 26 апреля 2024
21 апреля 2021, 12:31
Алагиры районы райдыдтой семинартæ, æвзæрстытæм цæстдарджыты цæттæ кæныны тыххæй

Теори æмæ практикæ базонын бафæндыд 35 адæймаджы

Алагиры районы райдыдтой семинартæ, æвзæрстытæм цæстдарджыты цæттæ кæныны тыххæй. Теори æмæ практикæ базонын бафæндыд 35 адæймаджы. Семинары сæйраг нысан у – хъæлæс кæныны бон фæткхæлдтытæй æмæ аипдзинæдтæй бахъахъхъæнын. Ахуырадон программæмæ хаст æрцыдысты лекцитæ. Уым бæстон æрлæууынц æвзæрстыты ног домæнтыл æмæ хуызтыл. Нырæй фæстæмæ цæстдарджытæ зондзысты алцыдæр. Уыимæ электрон æмæ гæххæттын бюллетеньты тыххæй. Семинары архайджытæй алчи дæр хъæлæс кæныны иумæйаг бон кусдзæн æвзарæн участокты. Алагиры районы æмтгæй райсгæйæ сты 32.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania